Тыбылты Леонид: милицийы кусджытимӕ баст у адӕмы ӕууӕнк паддзахадыл

Парад победы в Цхинвале
Парад победы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид раарфӕ кодта хуссарирыстойнаг милицийы кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн.

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕн органты раз ис ахсджиаг хӕслӕвӕрд — ӕхсӕнады стабилондзинад хъахъхъӕнын, загъта президент Тыбылты Леонид.

Мидхъуыддӕгты органты кусӕджы бон нысан цӕуы ӕрвылаз 10 ноябры. Бӕрӕгбон фидаргонд ӕрцыд УФ президенты барамындӕй 2011 азы 13 октябры. Хуссар Ирыстоны МХМ-ы кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн раарфӕ кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид.

"Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕн органты раз ис ахсджиаг хӕслӕвӕрд — ӕмбӕстӕгты законон бартӕ ӕмӕ ӕхсӕнады стабилондзинад хъахъхъӕнын, ӕдасдзинад ифтонг кӕнын ӕмӕ уагӕвӕрд халыны цаутӕ иуварс кӕнын. Милицийы кусджытимӕ баст у адӕмы ӕууӕнк барадхъахъхъӕнӕн органтыл ӕмӕ ӕмткӕй паддзахадыл", — дзырдӕуы Тыбылты Леониды арфӕйы.

Президент зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Гурдзыстоны ӕрдыгӕй уӕззау агрессийы ӕзты барадхъахъхъӕнӕн органты кусджытӕ кӕй рацыдысты бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕ, хӕцӕнгарзимӕ уыдон бахъахъхъӕдтой адӕмы кад ӕмӕ намыс, уый ӕмрӕстӕджы хъӕбатырдзинад ӕмӕ фидар удыхъӕд ӕвдисгӕйӕ.

25 лет независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Милицийы бон, полицийы бон 2016

"Республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕй бирӕтӕ радтой сӕ цард Фыдыбӕстӕйы рухс фидӕн ӕмӕ хӕдбардзинады сӕрвӕлтау. Сӕ удуӕлдай хъӕбатырдзинад цӕрӕнбонты баззайдзӕн нӕ адӕмы зӕрдӕты", — банысан кодта президент.

Уый ма раарфӕ кодта барадхъахъхъӕнӕг органты ветерантӕн — бирӕ ӕзты Фыдыбӕстӕйы хӕрзиуӕгӕн чи куыста, уыдонӕн.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг у ӕнӕдызӕрдыг, барадхъахъхъӕнӕн органты кусджыты профессионалондзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад кӕй ратдзӕн фадат паддзахад фидар кӕнын ӕмӕ йӕ размӕцыды сӕраппонд ӕвӕллайгӕйӕ кусынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0