Цӕгатирыстойнаг ӕвзонг лӕппу йӕ уарзон чызджы бакодта йӕхи амарыны онг

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæАвтомобиль следственного комитета (СК) РФ
Автомобиль следственного комитета (СК) РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртхъирӕнтӕ, физикон тыхмитӕ ӕмӕ ӕппынӕдзух дӕлдзиныгад ӕркодтой уымӕ, ӕмӕ ӕвзонг чызг йӕхи ӕрцауыгъта, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны Слестгӕнӕн комитет.

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг горӕт Алагиры ӕвзонг цӕрӕг йӕ уарзон чызджы бакодта йӕхи амарыны онг йӕ тызмӕг ахастӕй, физикон тыхми ӕмӕ дӕлдзиныг кӕнынӕй, хъусын кӕны Слестгӕнӕн комитеты регионалон управлени.

Фыдракæнды бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы цæрæг басаст, кæй амардта 14-аздзыд чызджы

Фӕдагуырды бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2012 азы декабрӕй 2016 азы июны онг азымгонд фыдмитӕ кодта йӕ 21-аздзыд уарзон чызгӕн, кӕцыимӕ цардысты иумӕ. Фӕдагурджытӕ куыд нымайынц, афтӕмӕй ӕртхъирӕнтӕ, физикон тыхмитӕ ӕмӕ ӕппынӕдзух дӕлдзиныгад ӕвзонг чызджы ӕркодтой уымӕ, ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта июны мӕйы.

"Алагиры ӕхсӕнрайонон слестгӕнӕн хайад бавдыста дау 25-аздзыд лӕппуйы ныхмӕ, кӕцы аххосджын цӕуы фыдракӕнды — адӕймаджы хи марыны онг бакӕнын (Уӕрӕсейы УК 110 статья)" — хъусын кӕны ведомствӕ.

Ныридӕгӕн уагъд цӕуынц слестгӕнӕн мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нысанӕздӕхт сты бӕлвырдгӕнӕн базӕ ӕрӕмбырд кӕнынмӕ. Уголовон хъуыддаджы фӕдӕвзӕрс дарддӕр цӕуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0