ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иууыл зындгонддӕр хореографтӕй иу Быценты Геннадий ирон националон кафтимӕ йæ цард сбаста 1974 азы. Фыццаг кафыд бæстæйы сæйраг ансамблы сконды, уый фæстæ цæттæ кодта коллектив "Ирон"-ы кафджыты, стæй та баздæхт "Симд"-мæ аивадон къухдариуӕггæнæгæй. Уӕдӕй абоны онг Геннадий иу ӕмӕ дыууӕ фӕлтӕры нӕ бацӕттӕ кодта ирон кафты аивадӕн, йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕнтыстытӕ дардыл сты хъуыстгонд. Йæ бинонтæ та дарддæр кæнынц ирон аивады рæсугъд традицитæ — Быценты бинонтæй цыппар адӕймаджы хæссынц Хуссар Иры сгуыхт артистты нæмттæ.
Генадийы ирон кафтыл фӕхӕст кодтой йӕ ныййарджытӕ — уыдонӕн уыд сæхи кафты æмæ зарды чысыл коллектив.
"Мӕ ныййарджытæн уыд сæрмагонд коллектив Цъинагары хъæуы. Мæ фыд Шеид уыд кафты ахуыргæнæг æмæ хъæуы клубы директор, мæ мад Циала та уыд музыкант, цагъта хъисджын музыкалон инструменттыл. Бинонты къордæн иу уыд чысыл гастролтæ Хуссар Ирыстоны къуымты. Уымӕ гӕсгӕ ӕз мæ хо æмæ ме ʻфсымæримæ царды дӕр æмæ ирон кафты дӕр нæ фыццаг къахдзæфтæ арæзтам иумæ", — мысы Геннадий.
Уый йӕ карьерӕ райдыдта Хуссар Иры кафт æмæ зарды сæйраг ансамбль "Симд"-ы, ардӕм ӕвзонг лӕппу йæ ных сарæзта скъола фæуыны фæстæ. Ныфсхаст, цæрдæг æмæ курдиатджын лæппу балхæдта коллективы уæды аивадон къухдариуӕггæнæг Гаглойты Хазбийы зæрдæ æмæ йæ слæууын кодта къорды сæйраг сконды. Уыйхагъд 21 азы дӕргъы Геннадий уыд ансамблы солист.
Уымӕй дарддӕр ма цайдагъ кодта рӕзгӕ фӕлтӕрты дӕр йӕ дӕсныйадыл. Ныридӕгӕн Геннадий Шеиды фырт кусы Цхинвалы аивӕдты лицейы сфӕлдыстадон къорд "Скиф"-имӕ, йæ къухдариуæгады бын коллектив йæ хæзнадонон байдзаг кодта æхсӕнадæмон фестивальты бæрзонд хорзæхтæй.
"Скиф" цыдӕриддӕр æхсæнадæмон фестивальтӕ æмæ конкурсты архайы, уыдонæн се ‘ппæтæй дæр æрхæссы Гран-притæ, науæд та фыццаг бынæттæ. Йæ къорды æнтыст ын бæттынц коллективы карз дисциплинæ æмæ хъиамæттаг репетицитимæ, фæлæ, уымæ ӕнæкæсгæйæ, ансамблы кафджыты нымæц баххæст кæнынмæ бæллынц лицейы сывæллæтты фылдæр бæрц.
Карьерӕйӕ дарддӕр ма ирон кафт ӕвӕрццагӕй бандӕвта Геннадийы хисӕрмагонд цардыл дӕр. Йе ‘мкъай Тедеты Валентинаимӕ уый базонгӕ "Симды" — дыууæтæ дæр кафыдысты коллективы сконды.
"Фембæлдыстæм Симды. Гена уым куыста, æз та нырма кафыдтæн институты къорды, стӕй нӕ фӕхуыдтой ансамбльмӕ. Фæстæдæр иумæ уыдыстæм гастролты Санкт-Петербурджы урс æхсæвты рӕстӕджы. Гастролтæ, стӕй ма ахӕм романтикон уавӕрты ӕмӕ бынаты сты уарзондзинад райхæлынӕн иууыл хуыздæр рӕстӕг", — мысы йе ‘взонджы бонтæ Валентина.
Уӕдӕй абоны онг Геннадийӕн йӕ арфӕйаг куысты йӕ иууыл ӕнувыддӕр ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ коллегӕ у йӕ бинойнаг Валентина — уыдон иумӕ амонынц ирон хореографийы сусӕгдзинӕдтӕ, йӕ истори ӕвзонг кафджытӕн. Ӕрмӕст дыууӕйы дӕр мӕты ӕфтауы, "абон "Симды" традицитæ кæй фæцудыдтой, уыцы хъуыддаг".
"Симды традицитæ фидар цыдысты дӕсгай ӕзты дæргъы, хъæзныг сæ кодтой номдзыд кафджытæ æмæ сæ хъæуы хъахъхъæнын. Гаглойты Хазбийӕн йӕ рӕстӕджы бантыст сæвæрын вокалон-хореографион сюита нæ фыдæлты цардыл. Уый уыд диссаг, программæйæ бæрæг уыд нӕ адæмы истори, се ʻгъдæуттæ, сæ царды уаг. Ацы программæйæ ансамблы ныры репертуары кæй ницы ис, уый тынг катайаг у. Абоны хуызæн дæсны кафджытæ никуы уыд Симды, коллектив тынг курдиатджын у, фæлæ Гаглойты Хазбийы куыст кæй ферох кодтой, уый раст нæу", — банысан кодта Валентина.
Геннадий ӕмӕ Валентинайӕн сӕ хъуыддаг дарддӕр кӕны сӕ фырт Инал — уый ныртӕккӕ у ансамбль "Симды" хуыздæр кафджытæй иу. Лӕвӕрд ын ӕрцыд РХИ сгуыхт артисты ном дӕр.
Инал "Симды" нымад цæуы хæххон, хъаматимæ æмæ æндæр тагъд кафтыты хуыздæр ӕххӕстгӕнӕгыл.
"Райгонд дзы стæм, хорз кафæг рацыд. Йæ фыд дзы сæрыстыр у, мæнмæ гæсгæ та Инал уымӕй ноджы арæхстджындæр кафæг рацыд. Цæуын куы базыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ архайдта кафыныл дæр. Кæрдтимæ кафт куы федта, уæд та дзы бынтон фестæм уынгæджы, хæдзары мигæнæн нал уагъта, кæрдтæ, уидгуытæ, сагӕйттӕ — алцæимæ дæр кафыдис", — мысы ныййарæг мад йӕ хъӕбулы фыццаг къахдзӕфтӕ.
Иналӕн йæ чызджытæ Лана æмæ Анна-Мария дӕр рæвдзæй згъорынц хореографийы къордтæм, дарддӕр та йӕ рӕстӕг фенын кӕндзӕн, адарддӕр кӕндзысты бинонты династи ӕви нӕ.
Ирон аивады рæсугъд традицитæ ма дарддæр кæны Геннадийы хо Циснари дӕр, уый та архайы Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценæйыл.
Уый адыл Быценты бинонтæй цыппар адӕймаджы хæссынц Хуссар Иры сгуыхт артистты нæмттæ.