Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ дысон федтой ӕнахуыр стыр мӕй

© Sputnik / Алексей КовалевСуперлуние
Суперлуние - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕй зӕхмӕ минималон ӕввахс вӕййы азы мидӕг цалдӕр хатты, фӕлӕ ацы хатт мӕйы тымбылӕг уыд ӕнахуыр стыр ӕмӕ ирд, афтӕмӕй йын йӕ ныв систа Sputnik къамисгӕг дӕр.

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ сситы ӕнахуыр стыр мӕйы ӕвдисӕн, ивгъуыд ӕхсӕв уыд ирд боныгъӕд ӕмӕ уый радта фадат ӕхсӕвы рухсгӕнӕджы тынг рӕсугъдӕй фенын.

Мӕй ӕмӕ Зӕхх минималон дӕрддзӕфмӕ кӕрӕдзимӕ ӕрбаввахс сты къуырисӕры. Уыцы фӕзынд вӕййы азы мидӕг цалдӕр хатты, фӕлӕ ацы хатт мӕйы тымбылӕг уыд ӕнахуыр стыр ӕмӕ ирд.

Цхинвайлӕгтӕ цингӕйӕ истой мӕй камерӕтыл ӕмӕ йӕ парахат кодтой социалон хызӕгты. Къамисӕг Алексей Ковалев дӕр систа зӕххон спутникы рӕсугъддзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0