Цӕгат Ирыстоны тӕрхондон аскъуыддзаг кодта чысыл чызджы марӕгӕн аст азы колони

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæЗал судебных заседаний
Зал судебных заседаний - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тӕрхондон сбӕлвырд кодта, ацы аз июны азымгонд кӕй ӕрбакодта чызджы ӕрдæгарæзт агъуысты ныккæндмӕ ӕмӕ йын йӕ сӕр 13 цӕфы фӕкодта агуиридурӕй.

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны тӕрхондон аскъуыддзаг кодта Дзӕуджыхъӕуы 22-аздзыд цӕрӕг Максим Корсуновӕн аст азы карз режимы колони, 15-аздзыд чызджы фыдмардӕй амарыны тыххӕй, хъусын кӕны республикон прокуратурӕ.

Фыдракæнды бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы цæрæг басаст, кæй амардта 14-аздзыд чызджы

Слӕстгӕнджытӕ сбӕлвырд кодтой, 11 июны азымгонд ӕрбакодта чызджы ӕрдӕгарзт хӕдзары ныккӕндмӕ. Уым се ‘хсӕн бацайдагъ хъаугъа. Прокуратурӕйы зонӕнтӕм гӕсгӕ, загъд асайдта къухӕй хылмӕ, кӕцыйы рӕстӕджы азымгонд 13 хатты ныццавта агуиридурӕй чызджы сӕр.

"Азымгонд басаст йӕ аххосыл ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта. Бакӕнгӕ фыдракӕнды ӕууӕлтӕ хъусдардмӕ райсгӕйӕ, йе ‘хсӕнадон тас, афтӕ ма азымгонды гоймагдзинад, паддзахадон зылынгӕнӕджы позици хынцгӕйӕ, тӕрхондон аскъуыддзаг кодта 22-аздзыд Максим Корсуновӕн аст азы карз режимы рӕстмӕгӕнӕн колони", — банысан кодта Цӕгат Ирыстоны прокуратурӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0