Уæрæсейæгты иууыл арӕхдӕр фарст Яндексмӕ – ирæттæ афтӕ рæсугъд цæмæн сты

© Sputnik / Ада БагианСолистка государственного ансамбля "Симд" Олеся Хугаева.
Солистка государственного ансамбля Симд Олеся Хугаева. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рауагъд "Йод" сарӕзта хатдзæгтæ уæрæсейы цæрджыты стереотиптæн агурæн системæ Яндексы бафарстытӕм гæсгæ.

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Интернет-рауагъд "Йод"-ы журналисттæ сарæзтой хатдзӕгтӕ, Уӕрӕсейы региноты цæрджытӕ агурæн системæ Яндексы иууыл арӕхдӕр цӕмӕй фӕрсынц, уый фӕдыл. Сæ бӕрӕггӕнӕнтӕм гæсгæ, уæрæсейӕгтӕ æппæты арæхдæр агурæн системæйы фыссынц "цæмæн сты ирæттæ афтæ рæсугъд?"

"Йод"-ы журналисттæ ма рабæрæг кодтой ирæттæй дарддæр Кавказы цæрæг иннӕ адæмты æмæ æппæт Уæрæсейы аннæ регионты цæрджыты фæдыл уæрæсейæгты стереотиптæ.

Афтæ ма иууыл арæхдæр Яндексы фæрсынц: "мæсгуыйæгтæ саузæрдæ цæмæн сты?", "тæтæр уырыссаг устытæ цæмæннæ хæссынц?", "хъырымæгтæ Уæрæсеимæ баиуæй цæмæннæ сты райгонд?", "цæцæйнæгтæ хъалмыхъхъӕгтæй цæмæн тæрсынц?" æмæ афтæ дарддæр.

Уымæй уæлдай ма ацы бæрæггæнæнтæй ирдæй зыны уæрæсейæгты ахаст Кавказы республикæты хицæн нацитæм — цæцæйнæгтæм, мæхъæлмæ, черкестæм, хъæрæсейæгтæм æмæ æндæртæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0