Хуссар Иры экономикӕйы локомотив гӕнӕн ис ӕмӕ суа уникалон ӕрдз

© Sputnik / Алексей КовалевЛошади Скачки Южная Осетия
Лошади Скачки Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ир фӕразӕй Абхазӕй хъуыддагон климат аразыны хабары, нымайы Владимир Лепехин.

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Уӕрӕсейаг бизнесӕн Хуссар Ирыстоны уавӕр ӕмбӕрстгонддӕр у, Абхазимӕ абаргӕйӕ, цы ран нырма дӕр нӕй ӕдасдзинад ӕмӕ гарантитӕ политикон стабилондзинадӕн, загъта Sputnik ЕврАзЭС институты генералон директор Владимир Лепехин.

Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ райстой хайад Абхазаг-уӕрӕсейаг хъуыддагон форумы, цы ран радзырдтой республикӕйы инвестицион климаты тыххӕй.

На набережной города Сухум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон радзурдзӕн Абхазы инвесторы ӕрбаздахыны тыххӕй

Лепехины хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ хъуыддагон форумыл цы равдыст сарӕзтой, уый уыд конкретон, иууыл къаддӕрӕй информацион нысаниуӕджы.

Уый нымайы, Хуссар Ирыстон кӕй фӕраздӕр Абхазӕй хъуыддагон климат аразыны ӕмӕ уымӕн бамбарӕн ис, кӕй у мобилондӕр, йӕ территори у къаддӕр ӕмӕ "уым куыддӕрты уавӕр у ӕмбӕрстгонддӕр".

"Абхазы, фыццаджыдӕр, нӕй паддзахадон исады реестр, алцыдӕр у рохуаты уагъд ӕмӕ дзы алцыдӕр у зын сорганизаци кӕнын. Уымӕй дарддӕр ма республикӕйы стабилондзинад у къаддӕр, Ирыстонимӕ абаргӕйӕ. Абхазы ма сӕрды уыд фӕлвӕрдтытӕ референдум ауадзыны тыххӕй, уымӕ гӕсгӕ уый цӕуы сындӕггайдӕр", — загъта эксперт.

Эксперт банысан кодта, кӕй йын нӕ бантыст Хуссар Ирыстоны нормативон базӕ инвестицион къабазы сахуыр кӕнын, фӕлӕ нымайы уӕрӕсейаг бизнесӕн Хуссар Ирыстоны уавӕр ӕмбӕрстгонддӕрыл абхазимӕ абаргӕйӕ, цы ран нырма дӕр нӕй ӕдасдзинад ӕмӕ нӕй гарантитӕ политикон стабилондзинадӕн.

"Хуссар Ирыстонӕн ис къаддӕр ресурстӕ ӕмӕ ӕмбӕрстгонд нӕу, куыд хъуамӕ цӕуой реализаци егъау проекттӕ. Зӕгъӕм, уазӕгдонон комплекс саразын, фӕлӕ куыд йедзаг кӕндзӕн, уый бӕрӕг нӕу. Ахӕм уавӕр ма ис кондадтимӕ дӕр — саразын ын ис, фӕлӕ бӕрӕг нӕу, тыхон ресурстӕ фаг уыдзысты ӕви нӕ", — банысан кодта уый.

Эксперт нымайы, Хуссар Ирыстоны экономикӕйы локомотив гӕнӕн ис ӕмӕ суа уникалон ӕрдз.

Встреча посла РЮО в РФ Гассиева с губернатором Ростовской области Голубевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир хоны донаг бизнес республикӕмӕ инвестицитӕ саразынмӕ

"Зӕгъӕм, Гуырдзыстон сӕндидзыдта туризмыл дыууӕ хъуыддагӕй спайдагӕнгӕйӕ — алы уырыссаг дӕр зоны гуырдзиаг къӕбиц, аннӕрдыгӕй та — аивдӕр аргъуантӕ. Афтӕ адӕм сӕхи айвӕзтой Гуырдзыстонмӕ. Ирыстон дӕр хъуамӕ ӕрымыса дыууӕ культурон мадзалы — зӕгъӕм, культурон фестиваль, чысыл дӕр уӕд ӕмӕ иууыл сӕйрагдӕр — туристон проекттӕ. Фыццаг уый ӕрбангом кӕндзӕн 20 адӕймаджы, стӕй бауыдзысты 50, фӕлӕ уый суыдзӕн хорз пиар, кӕцы равдисдзӕн республикӕ, куыд уникалон климатон ӕмӕ географион бынат", — банысан кодта Лепехин.

Эксперты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фыццаг этапыл уал хъӕуы бакусын туристон машрутыл иууыл аивдӕр кӕмттӕм, афтӕмӕй туристты химӕ раздахын ӕмӕ экологион туризмы бынат бацахсын. Уымӕ гӕсгӕ, республикӕ суыдзӕн цымыдисаг бынат ӕмӕ инвестор дӕр уырдӕм атырндзӕн, фӕактивондӕр уыдзӕн базарад ӕмӕ уазӕгдонон бизнес, "уый фӕстӕ фадат уыдзӕн кондадыл дӕр ахъуыды кӕнын".

"Зӕгъӕм, хӕххон кӕрдӕджытӕ цӕттӕ кӕнын. Рауайдзӕн рекреацион зонӕ йӕхи спецификӕимӕ. Куыд фӕнды ма уа, хъӕуы спайда кӕнын хи хицӕндзинӕдтӕй", — бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0