Хуссар Иры уæрæсейаг базæйы декабры бакӕндзысты сабидон, скъола æмæ цæрæн хæдзæрттæ

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæРоссийские военнослужащие в Южной Осетии
Российские военнослужащие в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрбалæугæ мæй уæрæсейаг æфæддон базæйы эксплуатацимæ ратдзысты æртæ 16 фатерон хæдзары, 90 ахуырдзауыл нымад скъола æмæ сабидон 70 сывӕллонӕн.

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг уӕрӕсейаг æфсæддон базæйы 2016 азы декабры эксплуатацимæ ратдзысты æртæ бирæфатерон хæдзар, сабидон æмæ скъола, фехъусын кодтой Хуссар æфсæддон зылды (ХӔЗ) пресс-службæйы.

Уӕрӕсейы 4-ӕм ӕфсӕддон базӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон базӕйы сарӕзтой улӕфӕн ӕмӕ спортивон объекттӕ

"Хуссар Ирыстоны территорийыл уæвæг Хуссар æфсæддон зылды уæрæсейаг базæйы кæронмæ бахæццæ æфсæддон инфраструктурӕйы объектты арæзтад. Ӕрбалæугæ мæй уæрæсейаг æфсæддон базæйы эксплуатацимæ ратдзысты æртæ 16 фатерон хæдзары, 90 ахуырдзауыл нымад скъола æмæ сабидон 70 сывӕллонæн. Ныридӕгӕн фесты хæрзарæзтадон куыстытæ", — радзырдтой пресс-службæйы.

Пресс-службæйы минæвары ныхæстæм гæсгæ, æппæт объекттæ дæр арæзт æрцыдысты нырыккон домæнтæм гæсгæ. Куыстуатон фатертæ ифтонг уыдзысты хæдзарон дзаумайæ æмæ коммуналон хызӕгтӕй.

Ӕдӕппæтæй та уæрæсейаг базæйы территорийыл фæнд кæныц æфсæддон инфраструктурæйы 43 объекты капиталон арæзтад — цæрæн хæдзæрттæ, æмдзæрæндæттæ солдаттæ æмæ офицертæн, сабидæттæ, скъолатæ, ахуырадон уагдæттæ, абанатæ, уадзæн пунктæ æмæ афтæ дарддæр.

Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæйы ма фехъусын кодтой, арæзтады темпытæм сæ цæст кӕй дарынц видеотрансляцийы руаджы æфсæддон зылды управленийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0