ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Транскамыл уагъд ӕрцыдысты егъау ахуыртӕ. Уым хайад райстой трассӕйыл цы структурӕтӕ кусынц, уыдон иууылдӕр. Ирвӕзынгӕнджытӕ, сыгъдхуыссынгӕнджытӕ, ПАИ, катастрофӕты медицинӕйы, фӕндагон службӕ ӕмӕ зӕйты ныхмӕ службӕйы кусджытӕ.
Ацы ахуыртӕ уагъд цӕуынц ӕрвылаз дӕр зӕйтӕй тӕссаг сезоны агъоммӕ. Сӕ сӕйраг нысан — стратегион ӕгъдауӕй нысаниуӕгджын автомагистралыл змӕлды ӕдасдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын.
"Ацы аз ахуыртӕ уагъд цӕуынц ранӕуӕггонд регламентмӕ гӕсгӕ, уый та баст у ууыл ӕмӕ кӕцыдӕр структурӕты ис ног къухдариуӕггӕнджытӕ. Ӕмӕ ныр мах кусӕм ӕмгуыстады алы аспектыл дӕр, Транскавказы автомагистралыл транспорт цæуыны æдасдзинад сифтонг кӕныны фӕдыл", — загъта Цӕгат Ирыстоны УУМ-ы Сӕйраг управленийы сӕргълӕууӕг Александр Хоружий.
"Ам ныууарыд фыццаг мит ӕмӕ мах алы уысм дӕр хъуамӕ уӕм цӕттӕ уавӕры февзӕрмӕ. Хъуамӕ уӕм цӕттӕ цыфӕнды уавӕрмӕ дӕр, цӕмӕй бахъуыды рӕстӕджы максималон цыбыр ӕмгъуыдмӕ сӕндидзын кӕнӕм автомобилон змӕлд нысаниуӕгджын трассӕйыл", — банысан кодта управленийы сӕргълӕууӕг.
Ӕмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуыс Транскамыл сты æмбæлон куысты иунæг бындур, кӕцытӕ ратдзысты фадат цыбыр ӕмгъуыдмӕ трассӕйыл ӕнӕкъуылымпы ӕмӕ ӕдас змӕлд сфитонг кӕнынӕн.