Хуссар Ир ныфс ӕвӕры ОБСЕ экспертӕй ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты ссарыны хъуыддаджы

© Sputnik / Ада БагианПолпред президента по посткофликтному урегулированию Мурат Джиоев
Полпред президента по посткофликтному урегулированию Мурат Джиоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны хицӕуттӕ нӕ банымадтой ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæлвырд кæныны фӕдыл хӕдбар эксперты рекомендацитӕ, уымӕ гӕсгӕ ацы аз уый адарддӕр кӕндзӕн йӕ куыст.

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Гуырдзыстоны хицӕуттӕ нӕ сӕххӕст кодтой ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты хъысмӕт сбӕлвырд кӕныны фӕдыл ОБСЕ-йы хӕдбар эксперт Душан Игньятовичы рекомендацитӕ, загъта журналисттӕн дыццӕджы Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы сӕргълӕууӕг Джиоты Мурӕт.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæй 2008 азы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны тыххæй ОБСЕ æрбахуыдта уголовон равзӕрстты фӕдыл хæдбар эксперт Душан Игньятовичы. Игньятович йæ куыстмæ æрæвнæлдта фарон октябры æмæ марты æрбавдыста йæ рекомендацитæ.

"Игньятович кусы ныр дыккаг аз. Уымӕн уыд фембӕлдтӕ Хуссар Ирыстоны цæрджытæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны хиуӕттимӕ ӕмӕ ӕвдисӕндартимӕ, бакуыста конкретон рекомендацитыл — цы фӕдыздӕхты хъӕуы адарддӕр кӕнын куыст, цӕмӕй ацы ӕрыгон лӕппуты хъысмӕт сбӕлвырд уа. Фӕлӕ фарон Гуырдзыстоны хицауад хӕдбар эксперты рекомендацитӕ кӕй нӕ сӕххӕст кодта, уый тыххӕй ОБСЕ банымадта ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл, цӕмӕй эксперт адарддӕр кӕна йӕ куыст", — загъта Джиоты Мурӕт.

Министр банысан кодта, Гуырдзыстоны хицауад кӕй не ′рфарста, лӕппутӕ цы бынаты фесӕфтысты, уыцы регионы цы полицӕйагтӕ куыстой, уыдоны. Афтӕ ма се ′рдыгӕй слестгӕнӕн мадзӕлттӕ иууылдӕр уагъд не ′рцыдысты. 

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ницы бӕрӕг ис Икъаты Радикы хъысмӕты фӕдыл, кӕцыйы, ирон фарсмӕ цы бӕрӕггӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ алстой машинӕйыл Вазианийӕ ӕмӕ йӕ рахизын кодтой Игоеты районы.

Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
ОБСЕ эксперты доклад равдыста, Гуырдзыстон кæй у аххосджын РХИ æмбæстæгты фесæфты

"Йӕ дарддӕры хъысмӕт у ӕбӕрӕг. Не ′мбӕстӕгтӕй иу — Къӕбысты Тамазы фӕдыл та ис Гуырдзыстоны Гуры районы тӕрхондоны скъуыддзаг. Уымӕн стӕрхон кодтой ӕмӕ йӕ рауагътой. Ома тӕрхондон бӕлвырд кӕны, 2008 азы августы уый кӕй уыд Гуырдзыстоны. Ацы ӕууӕлтӕ сбӕрӕг кӕныныл кусы ныр Игньятович", — банысан кодта Джиоты Мурӕт.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕдбар эксперт тынг лӕмбынӕг ӕмӕ конкретонӕй вӕры фарст ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты ссарыны фадӕтты фӕдыл — амоны, кӕй ӕмӕ куыд хъӕуы фӕрсын, цы ран хъӕуы агурын. Хуссар Ирыстоны ис ныфс, ацы аз Игньятовичы куыстӕн кӕй уыдзӕн фылдӕр ӕнтыстытӕ.

Уый банысан кодта, хуссарирыстойнаг фарс кӕй у тынг райгонд Игньятович цы куыст кӕны, уымӕй — "цы йӕ бон у, уый аразы".

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй ӕбӕрӕгӕй чи фесæфт, уыдон хъысмæты тыххæй исты базоныны фӕдыл куыст райдыдта 2010 азы. Эксперттæ уæд куыд рабæрæг кодтой, афтӕмӕй æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — 2008 азы адавды фæстæ цавæрдæр рæстæг уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты, фæлæ сæ дарддæры хъысмæт у æбæрæг.

Ныртæккæ æбæрæгæй сæфтыл нымад сты республикæйы æмбæстæгтæй сæдæйæ фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0