Тыбылты Леонид: чырыстон дин райстимӕ Алани бацыд раззагондӕр паддзахӕдты скондмӕ

© Sputnik / Дина ГассиеваКаменный крест в Морах
Каменный крест в Морах - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кастыты хайадисджытӕн Хуссар Ирыстоны президенты цӕст бауарзта ӕнтыстджын куыст ӕмӕ сфӕлдыстадон фӕндты реализаци.

ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны адӕм сты иузӕрдион чырыстон диныл, кӕцыйы тыххӕй ирӕтты фыдӕлтӕ — алантӕ фехъуыстой пахуымпарты заманы, дзырдӕуы президент Тыбылты Леониды арфӕйы ныхасы Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кастыты хайадисджытӕм.

Дзӕуджыхъӕуы уагъд цӕуынц V ӕхсӕнадӕмон Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кастытӕ, кӕцытӕ Ирыстоны ссисты дискуссион фӕзуат, цы ран уынаффӕ кӕнынц националон культурӕйы сӕндидзыны ӕмӕ размӕцыды фарстытыл. Форумы сӕйраг хӕслӕвӕрд — культурон иудзинад ӕмӕ патриотизмы бындуртыл арӕзт дзуары ӕмахастыты фӕдыл Дзӕуджыхъӕуккаг епархи ӕхсӕнад ӕмӕ паддзахадимӕ цы ног бацӕуӕн банхъардта, уый парахат кӕнын.

"Хорз зындгонд у, цы нысаниуӕг ис рӕстдинон уырнынадӕн Хуссар Ирыстоны адӕмы царды. Аланийы хуссар ӕмӕ цӕгаты иудзинад ӕмӕ хӕдбардзинады фӕндаг равзаргӕйӕ, нӕ бӕстӕйы ӕмбӕстӕгтӕ уыимӕ иумӕ фехъусын кодтой сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй чырыстон диныл, кӕцыйы тыххӕй рагон бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ нырыккон зонадон бӕрӕггӕнӕнӕнтӕм гӕсгӕ, алантӕ фехъуыстой пахуымпарты заманты", — загъта Тыбылты Леонид йӕ арфӕйы адресы.

Президент банысан кодта, 1100 азы размӕ рӕстуырнынад официалон ӕгъдауӕй райсынимӕ, Алани кӕй бацыд уыцы рӕстӕджы раззагондӕр паддзахадты скондмӕ ӕмӕ ӕнустӕм ссис скӕсӕйнаг-чырыстон дунейы ӕнӕфӕцудгӕ хай.

"Махӕн ӕхсызгон у уый ӕмӕ форумыл, кӕцы традицимӕ гӕсӕ ӕрмамбырд кӕны динамонджыты, ахуыргӕндты, паддзахадон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджыты, уынаффӕ цӕуы алайнаг адӕмы хъӕздыг культурӕ (кӕцы ӕрбаиу кодта скифаг дунейы рагон традицитӕ ӕмӕ Чырыстийы уырнынад) бахъахъхъӕнын ӕмӕ дарддӕры размӕцыды фарстытыл", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Чырыстон балц Дзауы районмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыд Иаков: Мадымайрӕм 2008 азы йе ‘Мбӕрзӕны бын бакодта Цхинвал

Уӕлдай нысаниуӕгджын та президент схуыдта уый ӕмӕ ацы диалогы активонӕй хайад кӕй исынц Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ма равдыста ныфс, Кастытӕ кӕй дӕттынц фадат адӕмы ӕмгуыстады иумӕйаг механизм саразынӕн, кӕцыты фӕнды "нӕ иумӕйаг Фыдыбӕстӕйы монон размӕцыды тыххӕй фӕллой кӕнын".

Кастыты хайадисджытӕн президенты цӕст бауарзта ӕнтыстджын куыст ӕмӕ сфӕлдыстадон фӕндты реализаци.

Кастыты хайадисджытӕ сты паддзхадон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ, зонадон-иртасӕн институтты, ахуырадон ӕмӕ культурон уагдӕтты къухдариуӕггӕнджытӕ, динамонджытӕ, зонадон ӕмӕ сфӕлдыстадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы уӕлдӕр ахуырадон уагдӕтты студенттӕ ӕмӕ аспиранттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0