УФ СК: РХИ ӕмӕ Украинӕйы конфликттӕ провокацигонд ӕрцыдысты ӕддейӕ

© фото из архива МЧС РСО-Аавгуст
август - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитет нымайы, "Хуссар Ирыстон ӕмӕ Украинӕйы трагикон хабӕрттӕн кӕй ис бастдзинад ӕндӕр конфликтон бынӕттимӕ".

ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Украинӕйы конфликтты равзӕрст ӕвдисы, уыдон кӕй ӕрцыдысты провокацигонд хӕдбар паддзахӕдты мидхъуыддӕгты ӕддагон тыхты активон ныхилӕн митӕй, дзырдӕуы УФ СК хъусинаджы.

"Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитет ӕвзары, Уӕрӕсейы арӕнтӕй дарддӕр цы дыууӕ "конфликтон бынӕттӕ" ис — Хуссар Ирыстон ӕмӕ Украинӕмӕ хауӕг цаутӕ… Ис алы бындур дӕр нымайынӕн, ацы конфликттӕ кӕй ӕрцыдысты провокацигонд хӕдбар паддзахӕдты мидхъуыддӕгты ӕддагон тыхты активон ныхилӕн митӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Слестгӕнӕн комитеты бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Украинӕйы ӕрцӕугӕ цауты равзӕрст радта фадта раргом кӕнын "ацы регионты трагикон цауты бӕлвырд бастдзинад ӕндӕр конфликтон бынӕттимӕ".

Гуырдзыстойнаг ӕфсад Хуссар Ирмӕ райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы ӕмӕ республикӕйы столицӕйӕн бакодтой стыр зиан. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы — уый ӕддӕмӕ ахӕцыд гуырдзиаг ӕфсадыл.

Уӕрӕсе ӕххуыс кӕны Хуссар Ирыстонӕн экономикӕ сӕндидзын кӕнын."Фондзбонон хӕсты" фӕстӕ Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0