ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон кӕсджыты ӕмӕ интернет-радиойӕ пайдагӕнджыты размӕ рахаста зындгонд телеамонӕг Карсанты Гурамы дыууӕ ног авторон программӕйы.
Радиоалӕвӕрд "Бафӕрс Гурамы" нывонд уыдзӕн социалон нысаниуӕгджын фарстытыл дзуаппытӕн, кӕцытӕ дӕттынц Sputnik кӕсджытӕ. Республикӕйы алы цӕрӕгӕн дӕр ис арвитын йӕ фарст Sputnik Хуссар Ирыстоны официалон аккаунттӕм социалон хызӕгты Facebook, VK, OK, Instagram, науӕд та Карсанты Гурамы персоналон аккаунтмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстоны колумнистикӕйы портал дӕр фӕхъӕздыгдӕр ног видеопроектӕй, цы ран Карсанты Гурам, мобилон телефоны камерӕйыл ист, цыбыр репортажты форматы дзуры нӕ республикӕйы цӕуӕг цымыдисаг цауты тыххӕй. Видеоафӕлгӕсты фыццаг темӕ ссис Хуссар Ирыстоны боксӕй ӕхсӕнадӕмон турниры иууыл ахадгӕдӕр уысмтӕ.
"Sputnik Хуссар Ирыстон у нырыккон, динамикон информацион ресурс бынӕттон цӕрджыты проблемӕтӕм здӕхт ӕмӕ мын уымӕй мӕ хъусдард аздӕхта йӕхимӕ. Афтӕ ма мӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц, портал цы форматтыл кусы, уыдон, информаци адӕттыны оперативондзинад ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр аргъ кӕнын, националон культурӕйы размӕцыдыл цы акцент ӕвӕрд ис, уымӕн", — банысан кодта Карсанты Гурам.
Карсанты Гурам — зындгонд телеамонӕг, кӕцы куыста алӕвӕрд "Адӕмы ныхас"-ы интернет-канал "Иудзинад"-ыл. Архайдта Хуссар Ирыстоны хъӕлдзӕг ӕмӕ цыргъзонд фӕсивӕды клубы, ПТРК "Ир"-ы амонӕг.
Портал Sputnik Хуссар Ирыстон йӕ куыст райдыдта националон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл 2015 азы июны. Ресурсы редакторты ӕмӕ журналистты профессионалон командӕ кӕсджыты размӕ хӕссы актуалон ӕхсӕнадӕмон цауты фӕдыл алыгъуызон цӕстӕнгас. Радио Sputnik Хуссар Ирыстон дзуры бӕстӕйы ӕппӕт территорийыл, цӕттӕ кӕны ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ культурон тематикӕйы фӕдыл программӕтӕ, афтӕ ма ног хабӕртты рауагъдтӕ.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайттӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.