00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
08:30
3 Мин
Главвные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Æбӕрӕг гоймӕгтӕ Цхинвалы бон-сихорафон фыднад фӕкодтой æвзонг лæппуйы

© Sputnik / Ада БагианГостиница "Алан"
Гостиница Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыцаубоны, 11.40 сахатыл Цхинвалы уазæгдон "Алан"-ы цур æбӕрӕг гоймӕгтӕ ӕгъатыр над фæкодтой горæты цæрæг, 21-аздзыд лæппуйы. Дохтырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, зианбаййафæджы уавӕр у уӕззау, фӕлӕ йӕ цардӕн ницы тас у.

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Барадхъахъхъæнӕг органтæ архайынц æбӕрӕг гоймӕгты нæмттæ базонын, кæцытӕ Цхинвалы фыднад фӕкодтой ӕвзонг лӕппуйы, фехъусын кодтой Sputnik мидхъуыддӕгты министрады пресс-службæйы.

Цау æрцыд хуыцаубоны, горæты автовокзалмæ хæстæг.

"Бонæй 11.40 сахатыл Цхинвалы уазæгдон "Алан"-ы цур æбӕрӕг гоймӕгтӕ ӕгъатыр над фæкодтой горæты цæрæг, 21-аздзыд лæппуйы. Дохтырты хатдзæгтæм гæсгæ, лæппу райста сæры уæззау травмӕ æмæ цæсгомы цæфтæ. Цауы фӕдыл сгарӕн куыстытӕ уадзы мидхъуыддӕгты министрады горӕттаг управлени", — банысан кодтой уагдоны.

Республикон рынчындоны Sputnik куыд фехъусын кодтой, афтæмæй зианбаййафæджы уавӕр у уӕззау, фӕлӕ йӕ цардӕн ницы тас у.

Цалдӕр боны размӕ ма Цхинвалы æрцыд ноджы иу ахæм хабар — горæты цæрæг 27-аздзыд Гаглойты Иналы дæр фæкодтой фыднад. Уый уæззау цæфтæ не 'сфæрæзта æмæ цалдæр боны фæстæ амард.

Ног хабӕртты лентӕ
0