Гасситы Мурӕт: ӕрцыдтӕн рамбулынмӕ

© Sputnik / Алана СабееваПресс-конференция Гассиев-Лебедев
Пресс-конференция Гассиев-Лебедев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурӕт ӕмӕ Денис Лебедевы тохы агъоммӕ, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн 3 декабры Мӕскуыйы, боксертӕ радтой дзуаппытӕ журналистты фарстытӕн.

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik, Сабеты Аланӕ. WBA Super ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ фыццаг уӕззау уӕзы дунейы чемпион Денис Лебедев ӕмӕ иухатт дӕр рингыл чи нӕ фӕсаст, уыцы 23-аздзыд претендент Гасситы Мурӕт райстой хайад пресс-конференцийы чемпионы титулы тыххӕй тохы размӕ.

"Куыд алыхатт дӕр, афтӕ дӕн зӕрдӕрухс. Тренировкӕ дӕр ацыд иттӕг хорз зӕрдӕйы уагимӕ. Алцыдӕр у иттӕг хорз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрцыдтӕн уӕлахизы фӕдыл. Дзырд цӕуы иууыл хуыздӕр боксерыл иууыл уӕззаудӕр уӕзы категорийы", — банысан кодта Гасситы Мурӕт.

Пресс-конференцийы рӕстӕджы ирон боксер радзырдта, кӕй дардта йӕ хъус йӕ ныхмӕлӕууӕг Денис Лебедевы ӕнтыстытӕм ӕрыгон кары, профессионалон боксмӕ рахизыны фӕстӕ та ноджы лӕмбынӕгдӕр.

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт ӕмӕ Денис Лебедев фембӕлдзысты рингыл 3 декабры

"Тынг бӕрнон ахаст мын ис ацы тохмӕ. Уый уыдзӕн тынг цымыдисон", — загъта уый.

Гасситы Мурӕт загъта, куыд иннӕ 23 тохмӕ, афтӕ ацы ныхмӕлӕудмӕ дӕр йӕхи тынг лӕмбынӕг кӕй цӕттӕ кодта. Уымӕн бантыст ауадзын спарринг-тохтӕ Деонтей Уайлдер, афтӕ ма Владимир Кличкоимӕ.

Дыууӕ азы размӕ Мурӕт ӕмӕ Денисӕн уыд спарринг-тох. Ауагътой цыппар раунды. Уый уыд сӕ иунӕг фембӕлд. Чемпионы титулы тыххӕй тохмӕ Мурӕт йӕхи цӕттӕ кодта АИШ-ы Абель Санчесы къухдариуӕгады бын, кӕцы равзӕрста ахӕм тактикӕ ныхмӕлӕудӕн. Абель ӕртӕхдзӕн Мӕскуымӕ ӕмӕ тохы рӕстӕджы Виталий Слановимӕ уыдзӕн рингы къуымы.

© Sputnik / Алана СабееваГасситы Мурӕт ӕмӕ Лебедев Денисы пресс-конференци
Пресс-конференция Гассиев-Лебедев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт ӕмӕ Лебедев Денисы пресс-конференци

Фыццаг хатт Ӕхсӕнадӕмон боксерон федерацийы (IBF) чемпионы титулы тыххӕй рингмӕ рахиздзысты дыууӕ уӕрӕсейаг ӕмбӕстаджы. Уӕрӕсейы профессионалон боксы федерацийы вице-президент Андрей Рябинскийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы тохӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕ уыд, уымӕ ӕмӕ Гасситы Мурӕт у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг претендент Денис Лебедевы титултӕм. Уый дыууӕ боксеры дӕр рахуыдта "тынг цымыдисаг ӕмӕ цӕттӕгонд".

Дыууӕ спортсмен дӕр кӕрӕдзи адресыл загътой цыты ныхӕстӕ, фӕлӕ дыууӕйы дӕр ис ныфс рамбулын.

Гасситы Мурӕт ӕмӕ Денис Лебедевы тох ацӕудзӕн Мӕскуыйы 3 декабры. Уыцы бон ма рингмӕ рахиздзысты реалити-шоу "Бой в большом городе"-йы финалисттӕ Челохсаты Георгий ӕмӕ Григорий Николайчук.

Пресс-конференцийы фӕстӕ уагъд ӕрцыд афтӕ хуыйнӕг "цӕстӕнгастӕй тох".

Мурат Гассиев начал подготовку к бою с Денисом Лебедевым. Кадры тренировки - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы VS Лебедев. Тагъд!
Ног хабӕртты лентӕ
0