ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik. Бразилиаг футболон клуб "Шапекоэнсе"-йы хъахъхъӕнӕг Алан Рушел аирвӕзт авиакатастрофӕйы Колумбийы, хъусын кӕны Р-Спорт 360 Radio Colombia-йы информаци.
Дыццӕджы Колумбийы ӕрхауд хӕдтӕхӕг 72 пассажиримӕ, кӕцыты ӕхсӕн уыдысты бразилиаг клуб "Шапекоэнсе"-йы футболисттӕ. Бразилиаг командӕ тахт колумбиаг горӕт Медельинмӕ, Хуссарамерикӕйаг кубокы "Атлетико Насьональ"-ы ныхмӕ финалон матчы хайад райсынмӕ.
Фӕстӕдӕр массон информацийы фӕрӕзтӕ фехъусын кодтой, катастрофӕйы рӕстӕджы срӕмыгъд кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ цалдӕр пассажиры кӕй аирвӕзтысты удӕгасӕй.
Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй фыццаг фервӕзӕг у 27-аздзыд Рушел, кӕцыйы клуб арендӕйы райста "Интернасьонал"-ӕй.