Колумбийы авиакатастрофӕйы аирвӕзт ӕхсӕз адӕймаджы

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæСамолет Эмбраер-170
Самолет Эмбраер-170 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныры онг уал ссардӕуыд ӕхсӕз адӕймаджы, фӕлӕ Колумбийы хицӕутты ныфс ис, чи аирвӕзт, уыдон нымӕц кӕй уыдзӕн фылдӕр.

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik. Колумбиаг горӕт Медельины ӕрдзон бӕллӕхты ныхмӕ департамент фехъусын кодта, бразилиаг клуб "Шапекоэнсе"-йы футболисттӕ зиан цы авиакатастрофӕйы баййӕфтой, уым удӕгасӕй кӕй аирвӕзт ӕхсӕз адӕймаджы, хъусын кӕны Р-Спорт.

Самолет Airbus A330 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бразилиаг футболисттимӕ хӕдтӕхӕг ӕрхаудта Колумбийы

Уагдоны зонӕнтӕм гӕсгӕ, ис гӕнӕн ӕмӕ аивӕрзджыты нымӕц уа фылдӕр.

Дыццӕджы Колумбийы ӕрхауд хӕдтӕхӕг, кӕцыйы бортыл уыдысты бразилиаг клуб "Шапекоэнсе"-йы футболисттӕ. Бразилиаг командӕ тахт колумбиаг горӕт Медельинмӕ, Хуссарамерикӕйаг кубокы "Атлетико Насьональ"-ы ныхмӕ финалон матчы хайад райсынмӕ. Лайнеры бортыл уыд 72 бӕлццоны экипажы 9 уӕнджы.

"Бӕлвырд ӕрцыд ӕхсӕзӕм адӕймаджы аирвӕзыны хабар. Ныфс ис ӕмӕ удыгасӕй чи аирвӕзт, уыдон нымӕц кӕй уыдзӕн фылдӕр", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Раздӕр фехъусын кодтой, удыгасӕй чи аирвӕзт, уыдон ӕхсӕн кӕй сты "Шапекоэнсе" —йы футболисттӕ Алан Рушел, Маркос Данило ӕмӕ Джексон Фольман, стюардессӕ Химена Суарес ӕмӕ журналист Рафаэль Хенцель. Фӕстӕдӕр Telemedellin йӕ микроблогы Twitter фехъусын кодта, "Шапекоэнсе"-йы хъахъхъӕнӕг Хелио Сампьер Нетойы кӕй ссардтой удӕгасӕй ӕмӕ ссис ӕхсӕзӕм фервӕзӕг ацы трагедийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0