Филармонийы ӕрбайгом Дзӕуджыхъӕуы ахастой Гергиты Валерийы рынчыны тыххӕй

© Sputnik / Дзерасса БиазартиРеконструкция Североосетинской государственной филармонии
Реконструкция Североосетинской государственной филармонии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрагсӕттӕныл операци скӕныны фӕстӕ Гергиты Валерий цӕуы реабилитацийы курс, уымӕ гӕсгӕ Дзӕуджыхъӕуы филармони ӕрбайгом уыдзӕн нывӕзтгонд рӕстӕгӕй дыууӕ къуыри фӕстӕдӕр.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik, Болататы Алина. Паддзахадон филармонийы ӕрбайгом 3 декабрӕй хаст ӕрцыд 17 декабрьмӕ, фехъусын кодтой Sputnik Республикӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы.

Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг телефонӕй ныхас кодта Мариинаг театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Гергиты Валериимӕ. Уыдон ӕрдзырдтой, Дзӕуджыхъӕуы Паддзахадон филармони куыд цӕттӕ у цытджын ӕрбайгоммӕ, ууыл.

"Ныртӕккӕ Гергиты Валерий, кӕцыйӕн арӕзт ӕрцыд операци йӕ уӕрагсӕттӕны, цӕуы реабилитацийы курс, уымӕ гӕсгӕ филармонийы ӕрбайгом ахастам 17 декабрьмӕ. Уыцы аххосагмӕ гӕсгӕ ма уагъд не ‘рцыдысты маэстройы къухдариуӕгадӕй Мариинаг симфоникон оркестры нывӕзтгонд концерттӕ", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Ныхасы рӕстӕджы Гергиты Валерий банысан кодта, ацы ӕхсызгон цауы фӕдыл филармонийы ног сценӕйыл концерт раттыны фӕнд кӕй ис йӕ тыхы.

Ног хабӕртты лентӕ
0