Фыд Иаков: мархо даргӕйӕ адӕймаг рӕзы монон ӕгъдауӕй

© Sputnik / Михаил ХасиевОтец Яков
Отец Яков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Алайнаг епархийы сӕргълӕууӕг фыд Иаков радзырдта Цыппурсон мархойы сӕйраг нысаны тыххӕй, йӕ дарыны уагӕвӕрдыл ӕмӕ ма ирӕттӕ ивгъуыд ӕнусы райдианы мархо куыд дардтой, ууыл.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Мархо даргӕйӕ, адӕймаг ӕрмӕст монон ӕгъдауӕй нӕ сыгъдӕг кӕны, фӕлӕ ма рӕзынц йӕ миддунейон, гоймагон миниуджытӕ, загъта Хуссар Ирыстоны Алайнаг епархийы сӕргълӕууӕг фыд Иаков (Хетӕгкаты) йӕ интервьюйы радио Sputnik.

Рӕстдинонтӕн цыппурсон мархо райдыдта къуырисӕры ӕмӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзӕн 7 январы — Цыппурсы бӕрӕгбоны.

"Мархойы сӕйраг нысан у адӕймаджы монон сыгъдæгкæнынад, уымӕ гӕсгӕ адӕймаг "нӕ" ӕрмӕст хӕрдӕн нӕ дзуры, фӕлӕ ма ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ тугтæригъæдджын хъуыдытӕн. Мархо даргӕйӕ, мах рӕзӕм монон ӕгъдауӕй, фӕлварӕм нӕхи ӕмӕ цыт кӕнӕм Хуыцауӕн", — загъта фыд Иаков.

Фыд Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цыппурсон мархо алыхатт дӕр райдайы 28 ноябры, Уӕлахизхӕссӕг Джиуӕрджийы кувӕн къуырийы фӕстӕ, кӕцы Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц цытджын ӕгъдауӕй.

Икона с частицей мощей в Кафедральном соборе Георгия Победоносца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирмæ ӕрластой Серафим Саровскийы сыгъдӕг буары хӕйттӕ

Цыппурсон комдарӕн дӕр у Стыр мархойы бӕрц — 40 боны, фӕлӕ ахӕм карз нӕу. Алы хуыцаубоны дӕр ис бар ацаходын кӕсаджы фыдӕй, къуырисӕр, ӕртыццӕг ӕмӕ майрӕмбоны ис бар хӕрын зайӕгойтӕй хӕринаг ӕнӕ сойӕ.

Рӕстдинон адӕймагӕн (кӕд мархо дары, уӕд) мархо ахсы йӕ царды 45%. Фыццаг хатт чи дары мархо ӕмӕ йӕ фыццаг къуырийы фӕстӕ чи фехалы, уыдонӕн фыд Иаков дзуры, цӕмӕй ма ӕрлӕууой ӕмӕ адарддӕр кӕной мархо дарын, уый ӕмрӕстӕджы хъуамӕ архайой, цӕмӕй та йӕ ма фехалой, сӕхи хизой хъӕлдзӕг фынгтӕй, цы ран вӕййы стыр монц мархойы рӕстӕджы тобӕгонд хӕринаг ахӕрын.

"Адӕймаг йӕхи куы бафӕлвары мархойы рӕстӕджы ӕмӕ йӕ кӕронмӕ куы акӕны, куы фӕтых вӕййы йӕ мондӕгтыл, уӕд ӕм фӕзыны ныфс йӕ тыхты, кӕцыйы фӕрцы уый хуыздӕр кӕны монон ӕгъдауӕй", — банысан кодта динамонӕг.

Ирон националон уырнынӕдтӕ, фыд Иаковы хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ хъыг дарынц чырыстон рӕстдинон уагӕвӕрды, уымӕн ӕмӕ ирон бӕрӕгбӕттӕ сӕ нӕмттӕ ӕмӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ ӕмцау сты чырыстон бӕрӕгбӕттӕн.

Ларгъвисы аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алайнаг епархи Ленингоры аразы Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуан

Фыд Иаков радзырдта, дыууынӕм ӕнусты Чеселты комы цӕрӕг ирон бинонтӕ куыд дардтой мархо, уыцы истори.

"Ӕрыгон бонты балцы рӕстӕджы февзӕрдыстӕм уазӕгуаты Чеселтгомы. Хъӕуы цӕрӕг Тыджыты Сослан, кӕцы уыд хуымӕтӕг зӕхкусӕг лӕг ӕмӕ йӕ цард иууылдӕр арвыста хъӕуы, радзырдта махӕн, ивгъуыд ӕнусы дыууынӕм ӕзты, сывӕллон ма куы уыд, уӕд ирӕттӕ мархо куыд дардтой. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Стыр комбӕттӕнӕй дыууӕ къуыри раздӕр ирӕттӕ ӕргӕвстой гал, кодтой ирон уӕлибыхтӕ ӕмӕ хордтой куыд фылдӕр нӕлхӕ, цӕмӕй мархойы райдианмӕ хӕдзары баззадаид ӕрмӕстдӕр тобӕгонд хӕринаг. Сывӕллӕттӕн бар уыд уыцы рӕстӕджы цыхты суары доны кӕрдзын тулын. Фӕлӕ хистӕр кары адӕмӕн ахӕмӕй ницы гӕнӕн уыд", — радзырдта динамонӕг.

Комбӕттӕны бонтӕ, фыд Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сты Дзӕнӕты бонтӕ. Марходарӕн бонты адӕймаг ӕвзары йӕ монон тыхтӕ ӕмӕ бамбары, Дзӕнӕты цӕрдзӕн ӕви нӕ. Марходарӕны буар "ӕлхъивгӕйӕ", сыгъдӕг кӕнгӕйӕ, адӕймаг хуыздӕр уыны йӕ уд.

Ног хабӕртты лентӕ
0