Китайаг компани Хуссар Иры бакӕндзӕн фӕсарӕйнаг машинӕты хӕйтты кондад

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæСборка автомобилей
Сборка автомобилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕсарӕйнаг машинӕтӕн хӕйттӕ ӕмбырд кӕнын срӕвдз кӕндзысты завод "Эмальпровод"-ы территорийыл, кусджыты та китайаг компани фӕнд кӕны райсын бынӕттон цӕрджыты нымӕцӕй.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Китайаг компани "Усю-Имплекс Лимитед" иннӕ аз марты бакӕндзӕн Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг машинӕтӕн хӕйтты кондад, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы хицауады сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Тъехты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кондады кусдзысты бынӕттон цӕрджытӕ, кӕцыты сахуыр кӕндзысты китайаг специалисттӕ.

"Китайаг инвестор хорзыл нымайы республикӕйы фиддонон закъондӕттынад ӕмӕ Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн базарадон бадзырд, кӕцымӕ гӕсгӕ паддзахӕдты ӕхсӕн арӕныл базайрӕгтӕ ӕмӕ уӕргътӕ ласт цӕуынц ӕнӕ фиддонтӕй", — загъта Тъехты Алан.

Хуссар Ирыстоны хицауад ӕмбырдгӕнӕн кондады бынатӕн рахицӕн кодта завод "Эмальпровод"-ы афтид цехты территори ӕмӕ сарӕзта инвесторимӕ арендӕйы бадзырд 15 азы ӕмгъуыдмӕ.

Встреча посла РЮО в РФ Гассиева с губернатором Ростовской области Голубевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир хоны донаг бизнес республикӕмӕ инвестицитӕ саразынмӕ

Декабры райдианы компанийы минӕвӕрттӕ ӕрцӕудзысты Цхинвалмӕ, цӕмӕй бацӕттӕ кӕной фӕзуат ныридӕгӕн заказгонд ифтонггарзӕн. Республикӕйӕн йӕхимидӕг уыдзӕн компанийы иудадзыгон минӕвар.

"2017 азы февралы компанийы техникон персонал ауадздзӕн ифтонггарзы рӕвдзгӕнӕн куыстытӕ. Нывӕзтмӕ гӕсгӕ, кусджытӕн, кӕцытӕ уыдзысты бынӕттон цӕрджыты нымӕцӕй, уагъд ӕрцӕудзӕн ахуырадон программӕ. Ӕмӕ марты рауадздзысты продукцийы фыццаг парти", — загъта уый.

Фыццаг этапыл инвестор, Тъехты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бавӕрдзӕн кондады 60 милуан сомы. Продукцийӕ сӕйраджыдӕр ифтонг цӕудзӕн уӕрӕсейаг базарад.

Ног хабӕртты лентӕ
0