Транскам у ӕхгӕд мит ӕмӕ зӕйты тыххӕй

© Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæРасчистка снежных завалов и принудительный спуск лавин на Транскавказской автомагистрали
Расчистка снежных завалов и принудительный спуск лавин на Транскавказской автомагистрали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны иугӕнӕг фӕндаг - Транскавказы автомагистралыл транспортон змӕлд Бурон – Ручъы тоннелы Цӕгаттаг порталыл у тобӕгонд дыууӕрдӕм дӕр.

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Транскавказы автомагистралыл транспортон змӕлд ӕрӕхгӕдтой майрӕмбоны ӕхсӕвы ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй, фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады сӕйраг управлени.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскамы ӕдасдзинадӕн фӕахъаз уыдзӕн ног тоннель

Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, тыхджын митуард ӕмӕ зӕйтӕй ӕрцӕуынӕй тасы аххосӕй Транскамыл тобӕгонд у автотранспортон змӕлд дыууӕрдӕм дӕр.

Уагдон фӕдзӕхсы шофырты, цӕмӕй сӕхи бахизой балцытӕй ацы фӕндыгыл.

Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй зӕйтӕ ӕрцахстой цалдӕр машинӕйы, фӕлӕ цӕгатирыстойнаг ирвӕзынгӕнджыттӕн бантыст уыдон оперативон ӕгъдауӕй миты уацарӕй фервӕзын кӕнын.

Транскамы хуссайраг фадыгыл ӕруарыд 20 сантиметрӕй фылдӕр мит, фӕндагон службӕтӕ ныридӕгӕн асыгъдӕг кодтой фӕндаг.

Тыхджын митуард зынвадат аразы Цхинвал-Ленингоры фӕндагыл цӕуӕг шофыртӕн дӕр, уым ныртӕккӕ кусынц фӕндагон службӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0