ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы МХМ-ы минӕвӕрттӕ ауагътой развӕлгъау консультацитӕ ӕхсӕнхицауадон бадзырды фӕдыл, кӕцымӕ гӕсгӕ этапонӕй фӕфылдӕр уыдзысты хуссарирыстойнаг мидхъуыддӕгты органты кусджыты материалон-техникон ифтонгад, фиддӕнтӕ ӕмӕ социалон гарантитӕ.
Цхинвалмӕ кусӕгон балцы ӕрцыд Уӕрӕсейы МХМ-ы делегаци, УФ МХМ-ы бадзырдон-барадон департаменты сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг, мидслужбӕйы инӕлар-майор Сергей Гладкины сӕргълӕудӕй, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны МХМ-ы пресс-службӕ.
"Де ′рцыд нысан кӕны, ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл ӕхсӕнпаддзахадон бадзырд кӕй цӕуы реализаци, рӕзынц ӕмцӕдисадон ахастытӕ ӕмӕ интеграцийы процесс размӕ цӕуы. Махӕн уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ нӕ республикӕ у ӕрыгон ӕмӕ нын ӕнӕ Уӕрӕсейы ӕххуысӕй нырма тынг зын у", — загъта йӕ коллегӕтимӕ фембӕлды рӕстӕджы республикӕйы мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар.
Фарсытӕ ӕруынаффӕ кодтой бадзырды бындурон статьятыл ӕмӕ банысан кодтой хуссарирыстойнаг фарсырдыгӕй документы проектмӕ кӕй нӕй принципиалон фиппаинӕгтӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕнтӕ.
Финанскӕнынады фӕдыл Уӕрӕсеимӕ бадзырдмӕ гӕсгӕ этапонӕй Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты органты кусджытӕн 2017 азӕй фӕфылдӕр уыдзысты сӕ фиддӕнтӕ.