ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Пенсион фонд бафиддзӕн фӕйнӕ фондз мин сомы республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ исынц бынӕттон пенситӕ, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны.
"Иурӕстӕгон фиддӕнтӕ пенсиисджытӕ райсдзысты дыууӕ этапӕй — иу хай декабры, иннӕ хай та февралы. Мах ма уадзӕм зонӕнты базӕйы басгӕрст, уымӕн ӕмӕ ис ахӕм пенсиисджытӕ, кӕцытӕ исынц пенситӕ, куыд республикӕйы, афтӕ Уӕрӕсейы дӕр. Басгӕрст рафӕлгъауы ахӕм ӕмбӕстӕгты", — загътой пенсион фонды.
Уагдон ма аиуварс кодта дам-думтӕ, ома иурӕстӕгон фиддӕнтӕ райсыны тыххӕй хъӕуы "нӕ" зӕгъын уӕрӕсейаг пропискӕйӕн.
Хуссар Ирыстоны пенсион кары ӕмбӕстӕгтӕн сӕ фылдӕр пенси исынц Уӕрӕсейы. Бынӕттон пенси исынц нӕ республикӕйы цӕрджытӕй цыппар минӕй чысыл фылдӕр нымӕц адӕймаджы. Абоны бон Хуссар Ирыстоны минималон социалон пенсийы бӕрц у 2900 сомы, кусӕгон пенси та у 6740 сомы.