Транскам цыппæрæм бон у æхгæд

© Sputnik / Дзерасса БизаратиСитуация на Транскаме
Ситуация на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндагон змæлд кæд байгом уыдзæн, уый фæдыл цæгатирыстойнаг специалисттæ бæстон информаци нæ дæттынц.

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Фæндагон службæтæн бантыст митæй расыгъдæг кæнын Транскамы хуссарирыстойаг фадыг, фæлæ уымæ æнæксæгæйæ фæндаг у ӕхгӕд, загътой Sputnik Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.

Как транскам занесло снегом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам куыд фӕцис миты бын

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ʻхсæн иунæг фæндаг — Транскамыл фæндагон змæлд æрæхгæдтой æхсæв 2 декабры стыр митуардты æмæ зæйтæ рацæуыны тасы фæстиуæгæн. Фæндаджы хуссарирыстойнаг хайыл иу суткæйы мидӕг æруарыд иу метр æмæ æрдæджы бæрц мит.

"Транскамыл фæндагон змæлд нырма у æхгæд. Мах фарс фæндаджы хай у сыгъдæг, фæндагон змæлд ницы хъыгдары. Хæхтыл раздæрау уары мит, фæлæ фæндагыл ис райдзаст боныгъæд", — загъта уагдоны пресс-секретарь Хъуылымбегты Елена.

Хъуылымбегты Елена ма фехъусын кодта, вазыгджындæр уавæр кӕй ис трассæйы цæгатирыстойаг хайы.

Шихантур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры митуард нӕ бахъыгдардта фӕндагон бастдзинад районтимӕ

"Боныгъæд радта фадат фæндагон куыстытæм бавналынæн, фæлæ трассӕ кæд æрбайгом уыдзæн, уый фæдыл бæстон информаци нырма нæй", — загъта уый.

Хъуылымбегты Елена ма бафтыдта йæ ныхæстæм, республикæйы мидæггагон фæндæгтыл, Синагурмæ фæндагæй дарддæр, æдæрсгæйæ кӕй цæуы транспорт. Иууыл стырдæр митуард уыд Синагурмæ фæндагыл, уымæ гæсгæ фæндагон службæтæн нырма нæ бантыст расыгъдæг кæнын ацы трассæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0