Тыбылты Леонид арвыста тӕфӕрфӕсы тел Юграйы трагедийы фӕдыл

© Пресс-служба МЧС РФ /  Ахизын медиабанкмæМесто аварии на 926-м километре автодороги Тюмень — Ханты-Мансийск
Место аварии на 926-м километре автодороги Тюмень — Ханты-Мансийск - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент загъта тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕн, фӕцӕфуӕвджытӕн та йӕ зӕрдӕ загъта, тагъд цы сӕнӕниз уой.

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид загъта тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ сывӕллӕтты фӕмарды фӕдыл Ханты-Мансийскы автономон зылды, цы ран егъау аварийы амӕттаг баисты цалдӕр адӕймаджы.

"Ацы фыдохы сахат райсут мӕ тӕфӕрфӕс. Зӕгъын фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕн ӕнцойуат ӕмӕ ныфсы ныхӕстӕ, ацы уӕззау трагедийы фӕцӕфуӕвджытӕн та мӕ зӕрдӕ зӕгъы, тагъд цы сӕнӕниз уой", — дзырдӕуы Тыбылты Леониды телы Ханты-Мансийскы автономон зылды губернатор Комарова Натальяйы номыл, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Автобус, уӕзласӕн машинӕ ӕмӕ дыууӕ рог хӕдтулгӕйы сӕмбӕлдысты кӕрӕдзийыл хуыцаубоны Тюмень — Ханты-Мансийск трассӕйыл, фӕмард сты 12 адӕймаджы, уыдонӕй 11 уыдысты сывӕллӕттӕ. Автобусыл цыд сывӕллӕтты къорд, кӕцы фӕстӕмӕ здӕхт Ханты-Мансийскӕй спортивон акробатикӕйы ерыстӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0