Транскам байгом

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæОткрытие Рокского тоннеля
Открытие Рокского тоннеля - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппар боны дæргъы митуард æмæ мигъбадт фадат нæ дæттой Транскам бакæнынæн. Къуырисæры фӕндагон службӕтӕ куыстой æнæхъæн бон, цæмæй бæлццæттæн сæ бон уа цæгатæй хуссармæ æмæ фæстӕмæ цæуын.

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Цæгат Ирыстоны фæндагон службæтæ расыгъдæг кодтой трассæ миты зæйтæй, фæндагон змæлд байгом дыууæрдæм дæр, фехъусын кодтой Sputnik РХИ УУМ пресс-службæйы.

Как транскам занесло снегом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам куыд фӕцис миты бын

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ʻхсæн иунæг фæндаг — Транскамыл фæндагон змæлд æрыхгæдтой æхсæв 2 декабры стыр митуард æмæ зæйтæ рацæуыны тасы фæстиуæгæн.

Ӕртæ боны дæргъы боныгъæдтæ фадат нæ дæттой зæйтæ рауадзыныл бакусынæн, фæндагон службæтæн та трассæ расыгъдæг кæнынӕн.

Транскам æрбайгом къуырисæры 19.00 сахатыл.

"Къуырисæры 5 декабры Росгидрометы зæйты ныхмæ службæйы кусджытæн бантыст фехсын, зæй рацæуынæй тæссаг цы бынæтты уыд, уыдон", — фехъусын кодтой раздæр РЦИ УУМ пресс-службæйы.

Транскавказы автомагистраль — Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хсæн иунæг фæндаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0