Цæгат Ирыстон гæнæн ис аззайа æнæ инвестицион нывæзтытæй

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЗдание правительства Северная Осетия
Здание правительства Северная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны электроэнергийы размæцыды схемæ 2012 азæй фæстæмæ нæ бавдыстæуыд федералон министрадмæ.

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik, Болататы Алина. Цæгат Ирыстон ӕрбалæугæ азы райдайæнмæ хъуамæ бавдиса электроэнергийы размæцыды схемæ, науæд хызы компанитæн инвестицион программæтæ нæ уыдзæн, фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы æмбырды рæстæджы УФ энергетикæйы министры хæдивæг Вячеслав Кравченко.

Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстон ӕрбавдыста Кавминмӕ 10 млрд сомы аргъ 20 проекты

Министры хæдивæг банысан кодта, Цæгат Ирыстоны электроэнергийы размæцыды схемæ 2012 азæй фæстæмæ кӕй нæ бавдыстæуыд федералон министрадмæ.

Уый банысан кодта, ацы процедурæ, УФ законмæ гæсгæ, хъуамæ фидар цæуа азы райдайæны.

"Райрæзты нывæзты схемæ у инвестицион программæ саразыны бындур. Кæд ног азы законмæ гæсгæ схемæ цæттæ нæ уа, уæд инвестицион программæтæн, уыдон нымæцы "МРСК Северный Кавказ" филиалӕн дæр финасон фрæзтæ дих не рцӕудзысты", — банысан кодта Кравченко.

Уыимæ иумæ уый хъусдард аздæхта тарифты фæдыл æвæрццаг динамикæмæ.

"Ӕрæджы тарифты фæдыл цы уарвæр сæвзæрд, уый бантыст рараст кæнын. Тарифтæ фидар æрцыдысты закондæттынады домæнтæм гæсгæ. Ныр та сæйраг хæс у уыдон раст æмвæзадыл дарын, цӕмӕй сын уа экономикон бындур", — бафтыдта йæ ныхæстæм министры хæдивæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0