Мит ракодта коммуналон службæты Цхинвалы уынгтæм

© Sputnik / Алексей КовалевСнег
Снег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы митуард неʻрынцад ивгъуыд улæфгæ бонты. Фыццаг горæты уынгтæ уыдысты сæлæф, уый фæстæ уазæлтты уынгтæ ныссалдысты.

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы коммуналон службæтæ кусынц фыццаг митуардты фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Фæндæгтæ æмæ тротуартæ пырх кæнынц змис æмæ цæххæй, загътой Sputnik горæты администрацийы пресс-службæйы.

Цхинвалы митуард не ʻрынцад ивгъуыд улæфгæ бонты. Фыццаг горæты уынгтæ уыдысты сæлæф, уый фæстæ уазæлтты уынгтæ ныссалдысты.

Фыццаг мит Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уарыд зноны мит

"Ӕппæт коммуналон службæтæ æмæ техникæ рацыдысты уынгтæм æфснайынмæ. Фыццаг рады æмбæлон уагмæ ʻркодтой централон уынгтæ, скъолатæ æмæ сабидæтты бацæуæнтæ, стæй ма иууыл стырдæр змæлд цы алвæндæгтыл ис, уыдон", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Коммуналон службæтæ ныридæгæн дæр кусынц — фæндæгтæ æмæ тротуартæ пырх кæнынц кæлæхы ныхмæ реагенттæй, фылдæр бæрцæй змис æмæ цæххæй. Хæрзарæзтады комбинат развæлгъау баххæст кодта йæ цæхх æмæ змисы фæсауæрц.

Горæты пресс-службæйы загътой, ныридæгæн хъусдард здæхт кæй у тыхуырдыг бынæттæм.

"Ацы куыстытæ куы фæуой æххæст, уæд коммуналон службæтæ раздæхдзысты горæты иннæ уынгтæм, кæцытæ сыгъдæг цæуынц сæрмагонд техникæйы руаджы æмæ къухæй", — бафтыдтой пресс-службæйы.

Митуард ахадгæ нæ бандæвта хъæутæ æмæ районты фæндæгты уавæрыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0