Хуссар Иры ФХМ-ы æруынаффæ кодтой женевӕйаг дискусситы фидæныл

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства
Здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæт фембæлд Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры уынаффæгæнæг Марат Кулахметовимæ. Фембӕлды рӕстӕджы уынаффæ цыд женевӕйаг дискусситы радон рабадты боны фæткыл.

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагполитикон ведомствæты минæвæрттæ æруынаффæ кодтой Фæскавказы æдасдзинады фӕдыл женевӕйаг дискусситы радон раунды боны фæткыл, фехъусын кодта дыццæджы ФХМ пресс-службæ.

Встреча сопредседателей Женевских дискуссий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурӕт: Тбилис нӕ уадзы тасуадзӕг риторикӕ Хуссар Иры адресыл

Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæт фембæлд Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры уынаффæгæнæг Марат Кулахметовимæ. Фембæлды ма хайад райстой РХИ ФХМ, президенты администрацийы æмæ Цхинвалы уæвæг уæрæсейаг минæварады кусджытæ.

"Фембæлды рæстæджы æркастысты женевӕйаг дискусситы 38-æм раунды боны фæткмæ, кæцы ацæудзӕн 13-14 декабры. Сæрмагонд хъусдард аздæхтой Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон бæрндзинады документ бафыссыныл куыст фæрæвдз кæныныл, паддзахадон арæнмæ æввахс районты уавæр æмæ гуманитарон фарстытыл", — загътой ФХМ пресс-службæйы.

Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл женевӕйаг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азы октябрæй фæстæмæ. Ацы формат у Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстоны хсæн баныхасты иунæг фӕзуат. Архайынц ма дзы УФ, АИШ, ОБСЕ, ЕЦ æмæ ИНО минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0