ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад æмгуыст кæны Транскавказы автомагистралы æппæт службæтимæ трассæйыл æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн, хъусын кæны УФ УУМ регионалон управленийы пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, Цæгат Ирыстоны уæлхох районты 6-8 декабрьмæ тас кӕй у зæйтæ рацæуынæй. Иууыл тæссагдæр уавæр сæвзæры Буронæй Ручъы тоннелы цæгаттаг хайы онг, ацы фадыджы ис 234 зæйрацæуæн бынаты, уыдонæй 172 сты фæндагыл.
"Транскамыл фæндагон змæлды æдасдзинады сæраппонд УФ УУМ Цæгат Ирыстоны хайад æмгуыст кæны Автоинспекци, Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад, Арæнхъахъхъæнджыты управлени, Таможнæ æмæ æндæр бæрнон службæтимæ", — дзырдæуы хъусинаджы.
Транскамы æвзæр боныгъæдты рæстæджы архайæг къорды сконды уыдзӕн 177 адæймаджы æмæ техникæйы 45 иуæджы
Бахъуыды рæстæджы УУМ бакæндзæн цæугæ хъармгæнæн пункт дӕр.