Къостайы "Ирон фæндыр" фыццаг хатт рацыд французаг æвзагыл

© Sputnik / Алина БолатаеваДень рождения Коста Хетагурова отметили в Северной Осетии
День рождения Коста Хетагурова отметили в Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хетæгкаты Къостайы 53 æмдзæвгæ французаг æвзагмæ раивта ЦИПУ французаг æвзаджы кафедрӕйы профессор, Стендалы номыл Греноблы университеты (Франция) филологон зонӕдты доктор Куллиты Рашид.

ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik. Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр" фыццаг хатт мыхуыр æрцыд французаг æвзагыл, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты (ЦИПУ) пресс-службæ.

156 лет со дня рождения Коста Хетагурова - Sputnik Хуссар Ирыстон
ТЕСТ: цас зонгӕ дӕ Хетӕгкаты Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ

Ӕмдзæвгæты æмбырдгонд французаг æвзагмæ раивта ЦИПУ французаг æвзаджы кафедрӕйы профессор, Стендалы номыл Греноблы университеты (Франция) филологон зонӕдты доктор Къуыллыты Рашид. Ахуыргонды ныхæстæм гæсгæ, Къостайы бынтæ нырма дӕр кæронмæ ахуыр не сты.

"Ӕз нымайын, Къостайы сфæлдыстады арфад кæронмæ ахуыр кӕй не ʻрцыд, махмæ нырма æнхъæлмæ кæсы бирæ ссæрдтæ. Фæнд ма кӕнын французаг æвзагмæ раивын не стыр генийы поэмӕ "Фатима" дæр", — загъта Къуыллыты Рашид.

Чиныджы тираж у 100 экземпляры. "Ирон фандыр" фыццаг мыхуыр æрцыд 15 майы 1899 азы. Ацы цауы цытæн 15 май Ирыстоны дыууæ хайы дæр нысан цæуы Ирон æвзаджы бонæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0