ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik. Уӕрӕсейаг боксер Денис Лебедев Гасситы Мурӕтимӕ титулон ныхмӕлӕуды фӕстӕ цӕуы традицион медицинон басгӕрст, загъта Р-Спорт промоутерон компани "Мир бокса"-йы президент Андрей Рябинский.
Цыппӕрӕмы портал Life фехъусын кодта, Лебедев кӕй ис уӕззау уавӕры, зӕгъгӕ, уымӕн ис сӕры магъзы ӕнкъуыст ӕмӕ сӕргӕхцы уӕззау травмӕ. Тох уагъд ӕрцыд 3 декабры, Гасситы Мурӕт рамбылдта тӕрхонгӕнджыты ныхмӕлӕуд скъуыддзагмӕ гӕсгӕ ӕмӕ байста Лебедевӕн IBF чемпионы титул.
"Денис ныртӕккӕ цӕуы стандартон диспансеризаци тохы фӕстӕ, — загъта телефонӕй Рябинский. — Махмӕ ахӕм уагӕвӕрд ис. Ницы уӕззау ӕмӕ серьезон травмӕтӕ йын ис".
Денис Лебедев, Рябинскийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстохон басгӕрст цӕуы Бурденкойы номыл Сӕйраг клиникон ӕфсӕддон госпиталы.