Хуссар Иры хицауад сбӕрӕг кодта фӕцӕрыны минимум

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæПокупка, деньги
Покупка, деньги - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕцӕрыны минимум Хуссар Ирыстоны хизы 7,5 мин сомӕй 9 мин 865 сомы онг ӕмбӕстаджы кар хынцгӕйӕ.

ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2016 азы ӕртыккаг кварталы фӕцӕрыны минимум у фараст мин сомӕй чысыл фылдӕр, ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ хицауады рабадты фехъусын кодта экономикон райрӕзты министр Зӕгъойты Вильям, хъусын кӕны президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

"Фӕцӕрыны минимумы бӕрц куыстхъом ӕмбӕстӕгтӕн у 9 мин 923 сомы, пенсиисджытӕн — 7 мин 567 сомы ӕмӕ сывӕллӕттӕн та 9 мин 865 сомы", — хъусын кӕны министры ныхӕстӕ пресс-службӕ.

Дыккаг кварталы фӕцӕрыны минимум уыд бӕрзонддӕр, уый уыд 9 мин 959 сомы, уый та, министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, баст уыд хӕлцадон продуктты ӕргътимӕ.

Бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл парламентон комитеты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ та, ивгъуыд азы фӕцӕрыны астӕуккаг минимум республикӕйы уыд 8142 сомы.

Минималон куыстмызд та 2015 азы уыд 5 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0