ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik. Sputnik Хуссар Ирыстоны хæрзаудæн акци "Хæлардзинады наз" райдыдта Цхинвалы республикӕйы скъола-интернаттæ æмæ сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн.
Проекты фæлгæтты Хуссар Ирыстоны æртæ ахуырадон уагдоны ахуырдзаутæ сæ бæллицтæ фыссынц Sputnikы сæрмагонд посты къамтыл, кæцытæй сфæлынддзысты бæрæгбонон наз бæлас Vincenzoйы кафейы.
Алкæцы адæймагæн дæр бар ис акцийы хайад райсын æмæ сæххæст кæнын сабиты бæллицтæ. Уый тыххæй хъæуы равзарын сабитӕй иуы фыстæг кафейы ногазон наз бæласæй æмæ лæвар æрбахæссын Sputnik Хуссар Ирыстоны редакцимæ, науæд та йӕ 20 декабрьмæ бахæссын кафейы исæн пунктмӕ. Æппæт лæвæрттæ дæр сабитæн ратдзысты ногазон мадзæлтты рæстæджы.
"Ног азы бæрæгбон хæссы ныфс æмæ циндзинад. Sputnik уырны, "Хæлардзинады наз" кӕй сæххæст кæндзӕн сабиты бæллицтæ, кæцытæ сты æххуыс æмæ хъусдард цух", — банысан кодта Информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæг Нарек Ордян.
Sputnik Хуссар Ирыстон райдыта йæ куыст 2015 азы. Йе сконды ис информацион портал ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, радиоресурс æмæ мультимедион пресс-центр.
Ног хабæртты портал Sputnik Хуссар Ирыстон ис фыццаг бынатыл бæстæйы интернет ресурсты хсæн.
Sputnik Хуссар Ирыстон у æхсæнадæмон информацион агентады хай ӕмӕ иу кæны сайттæ дунейы 30 æвзагыл, аналагон æмæ цифрæйон радиоалæвæрдтӕ.