Зæгъойты Аланы хонынц сæхимæ "Рома", "Челси" æмæ "Боруссия"

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæИгрок ЦСКА Алан Дзагоев
Игрок ЦСКА Алан Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Эвертона"-йӕ дарддæр ма Аланы фæхоныны хъуыды ис англисаг "Арсенал", "Челси", "Манчестер Сити", "Ньюкасл", "Тоттенхэм", "Вест Хэм", италиаг "Рома" æмæ дортмундаг "Боруссия"-мӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Англисаг футболон клуб "Эвертон" ацы къуыри ауагъта бадзырдтæ мæскуыйаг ӔЦСК-ы æрдæгхъахъхъæнæг, Уæрæсейы æмбырдгонды уæнг Зæгъойты Аланы минæвæрттимæ, цӕмӕй ирон футболист ахиза ливерпульаг командæмæ, хъусын кæны Р-Спорт.

Зæгъойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Бахва: Зæгъойты Аланы травмæ тренертæн æрхаста сæрниз

Амæй размæ ДЗИФ хъусын кодтой, Аланы фæхоныны хъуыды ма кӕй ис англисаг "Арсенал", "Челси", "Манчестер Сити", "Ньюкасл", "Тоттенхэм", "Вест Хэм", италиаг "Рома" æмæ дортмундаг "Боруссия"-мӕ. Ирон футболисты трансферы аргъ у 15 милуан евро.

Ивгъуыд къуыри "Эвертон"-ы директор Стив Уолш йæ цæст дардта Зæгъойты Аланы хъазтмæ "Лига Чемпионов"-ы. Лондоны "Тоттенхэм" æмæ ӔЦСК хъазт фæцис 3:1 хыгъдæй. Уæрæсейаг командæйы пайдайæн иунæг пурти бакъуырдта Алан.

Р-Спорт бæрӕггæнæнтӕм гæсгæ, "Эвертон"-ы фæнды Аланы фæхонын зымæгон трансферон сæрибар рæстæджы.

Зæгъойты Алан ӔЦСК-ы хъазы 2007 азы ноябрӕй фӕстӕмӕ. Иумæйагæй сисгæйæ, уый 284 хъазты мидӕг бакодта 62 пуртийы, æртæ хатты рамбылдта чемпионат æмæ Уæрæсейы Суперкубок, цыппар хатты та бæстæйы Кубок.

Ног хабӕртты лентӕ
0