Транскам ссыгъдӕг кодтой зӕйтӕй, фӕндагон змӕлд байгом

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæСитуация в Южной Осетии
Ситуация в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн иунæг фæндаг æрæхгæдтой зӕйтӕ, фӕлӕ ныридӕгӕн трассӕ ссыгъдӕг кодтой ӕмӕ змӕлд байгом.

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Транскавказы автомагистраль байгом автомобилон змӕлдӕн, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Иры УУМ пресс-службæйы.

Расчистка снежных завалов и принудительный спуск лавин на Транскавказской автомагистрали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам сæхгæдтой зæйты ʻрцыды тыххæй

"Фӕндагон службӕтӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ уайтагъд расыгъдӕг кодтой Транскам митын зӕйӕ", — загъта уагдоны минӕвар Хъуылымбегты Елена.

Фӕндаг ӕрӕхгӕдтой къуырисӕры райсомӕй, хуссарирыстойнаг фадыджы — Бæгъиаты суадоны цур зæйы рцыды аххосӕй.

Ныридӕгӕн фæндагон бастдзинад дыууæ бæстæйы хсæн сног.

Ног хабӕртты лентӕ
0