Президент: Уӕрӕсейы Конституци ссис бӕстӕйы райрӕзты бындур

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæДень Конституции РФ
День Конституции РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ стыр аргъ кӕнынц Уӕрӕсеимӕ хӕлардзинадӕн, хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг цӕдисон ахастытӕн ӕмӕ цин кӕнынц ӕфсымӕрон бӕстӕйы ӕнтыстытыл, банысан кодта Тыбылты Леонид.

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид раарфӕ кодта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕйӕн УФ Конституцийы боны цытӕн.

Конституцийы бон Уӕрӕсейы ӕрвылаз дӕр нысан цӕуы 12 декабры, ацы бон 1993 азы бӕстӕйы Сӕйраг закон ист ӕрцыд ӕппӕтадӕмон референдумы фӕстиуӕгӕн.

"Ацы бон 23 азы размӕ уӕрӕсейаг бирӕнационалон адӕм схъӕлӕс кодта бӕстӕйы Сӕйраг закон райсыны тыххӕй, кӕцы бындур ӕрӕвӕрдта бӕстӕйы ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ социалон цардӕн, сбӕрӕг кодта Уӕрӕсейы паддзахаддзинады ахсджиагдӕр принциптӕ ӕмӕ ссис йӕ дарддӕры райрӕзты фидар фундамент", — дзырдӕуы Тыбылты Леониды арфӕйы телы, фехъусын кодта йӕ пресс-секретарь Гана Яновская.

Республикӕйы сӕргълӕууӕг ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ "стыр аргъ кӕй кӕнынц Уӕрӕсеимӕ хӕлардзинадӕн, хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг цӕдисон ахастытӕн ӕмӕ цин кӕнынц ӕфсымӕрон бӕстӕйы ӕнтыстытыл".

РХИ президенты цӕст бауарзта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕйӕн ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕппӕт адӕмӕн сабырад, хӕрзӕбон ӕмӕ фӕрныгад.

Ног хабӕртты лентӕ
0