Интернатты сабиты фыстӕджытӕй сфӕлыстой #хӕлардзинадыназ Цхинвалы

Рафыссын
Алкæцы адæймагæн дæр бар ис акцийы хайад райсын æмæ сæххæст кæнын сабиты бæллицтæ.

Sputnik Хуссар Ирыстоны хæрзаудæн акци "Хæлардзинады наз" райдыдта Цхинвалы республикӕйы скъола-интернаттæ æмæ сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн.

Проекты фæлгæтты Хуссар Ирыстоны æртæ ахуырадон уагдоны ахуырдзаутæ сæ бæллицтæ фыссынц Sputnikы сæрмагонд посты къамтыл, кæцытæй сфæлыстой бæрæгбонон наз бæлас Vincenzoйы кафейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0