Кокойты Эдуард: ӕз ахиздзӕн биноныгдзинады ценз, дызӕрдыг дӕр ма кӕнут

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæЭкс-президент Южной Осетии Эдуард Кокойты
Экс-президент Южной Осетии Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны раздӕры сӕргълӕууӕг Кокойты Эдуард нымайы, "биноныгдзинады ценз" ӕй кӕй нӕ бахъыг дардзӕн президенттӕм цӕуыны хъуыддаджы.

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуард фӕнд кӕны йӕ кандидатурӕ раразмӕ кӕнын 2017 азы президентон ӕвзӕрстыты ӕмӕ фидарӕй дзуры, кӕй ахиздзӕн "биноныгдзинады ценз". Уый тыххӕй Кокойты Эдуард къуырисӕры загъта телефонӕй Sputnik уацхӕссӕгӕн.

"Ӕз мӕ кандидатурӕ раразмӕ кӕндзӕн хуссарирыстойнаг ӕхсӕнады стыр хайы куырдиатмӕ кӕсгӕ, кӕцытӕ мӕм ӕрбахатынц фыстӕджыты хуызы ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхасы рӕстӕджы. Мӕ зӕрдӕ зӕгъы нӕ адӕмӕн иудзинад, цӕмӕй ацы ӕвзӕрстытӕ ацӕуой сабырӕй ӕмӕ мах та равдисӕм бӕрзонд политикон культурӕ", — загъта Кокойты Эдуард.

Политик у ӕнӕгуырысхо, йӕ фарсмӕ кӕй балӕудзӕн хуссарирыстойнаг ӕхсӕнады зынгӕ хай, уый нымӕцы йӕ раздӕры оппоненттӕ дӕр.

"Ме ‘вварс ис бирӕ адӕм. Уыцы ныхӕстӕй ӕз мӕхи нӕ сабыр кӕнын, фӕлӕ ӕцӕгӕй куыд у, уый дзурын. Ӕхсызгон мын у, уыдоны хсӕн кӕй сты мӕ раздӕры оппоненттӕ дӕр, афтӕ ма 2011 азы фӕзуаты чи лӕууыд, уыдон дӕр. Ӕз нӕ дих кӕнын адӕмы иутыл кӕнӕ иннӕтыл. Уыдон иууылӕр сты нӕхи адӕм, ӕмӕ ӕхсӕнадӕн баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ ӕрбангом уой ӕмӕ сӕ куыст кӕной", — загъта уый.

"Биноныгдзинады цензыл" дзургæйæ, кæцы домы, цæмæй президенты бынатмæ кандидат фæстаг дæс азы цæра Хуссар Ирыстоны, Кокойты банысан кодта, законы ацы домæн сæрибарæй кæй ахиздзæн.

"Биноныгдзинады ценз рацæудзæн, гуырысхо дӕр ма кæнут", — банысан кодта экс-президент, куыд ӕй хиздзæн, уый нæ бамбарныгæнгæйæ.

2017 азы апрелы президентон æвзæрстыты хайад райсыны тыххæй фыццаг фехъусын кодта ныры президент Тыбылты Леонид, уый фæстæ та парламенты сæрдар Бибылты Анатолий.

Кокойты Эдуард республикæйæн разамынад лæвæрдта 2001- 2011æзты.

Радон президентон æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны ацæудзысты 9 апрелы 2017 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0