ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусджытӕ ӕрӕхгӕдтой контрафактон алкоголон продукцийы кондад ӕмӕ зынгӕ уӕрӕсейаг маркӕйы бын йӕ парахат кӕныны хъуыддаг, фехъусын кодтой Sputnik ведомствӕйы пресс-службӕйы.
Суррогатон арахъхъ уадзӕн сусӕг цех ссардӕуыд Зары хъӕуы. Бынаты байстой 400 литр ӕвджыты кӕнынмӕ цӕттӕ арахъхъ ӕмӕ та 1200 авджы та арахъхъ "Финская"-йы этикеткӕтӕ ӕмӕ сӕртимӕ.
Уымӕй дарддӕр ма ӕрурӕдтой автомашинӕйы, кӕцыйы мидӕг ссардӕуыд 100 асыччы суррогатон алкоголон продукци — уыдон ластой республикӕйы базарадон объекттӕм уӕймӕ.
"Ныртӕккӕ контрафактон алкоголон продукци у ахст, уагъд цӕуынц сгарӕн мадзӕлттӕ", — загътой ПӔКы.
Уагдоны ма банысан кодтой, республикӕйы ӕнӕ акцизон маркӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕй нозт уӕй кӕнынӕн фадат фӕзынд уымӕн, ӕмӕ кӕй нӕй ӕххӕстбарджын ӕмӕ цӕстдарӕн органты ӕрдыгӕй ӕмбӕлон контроль.