Аивӕдты лицей банысан кодта йӕ сырӕзты 25 азы. Ахуыргӕнджытӕн, скъоладзаутӕн ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн раарфӕ кӕнынмӕ киноконцертон зал "Чермен"-мӕ ӕрбацыд тынг бирӕ уазджытӕ, уыдонимӕ президент Тыбылты Леонид дӕр. Уый банысан кодта ахуырадон уагдоны бӕрзонд ӕмвӕзад ӕмӕ ахуыргӕнджыты профессионализм.
"Ахуыргӕнджыты удуӕлдай куысты фӕрцы лицейы рауагъдонтӕй бирӕтӕ ссисты Уӕрӕсейы престижон уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕ ӕмӕ уыдонӕй мах стӕм тынг сӕрыстыр", — загъта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.
Рӕзгӕ фӕлтӕты ахуыр кӕнын ӕмӕ хъомыл кӕныны хъуыддагмӕ стыр хайбавӕрд бахӕссыны тыххӕй лицей хорзӕхджын ӕрцыд Кады грамотӕйӕ. Лицейы бындурӕвӕрӕг ӕмӕ ӕнӕаивгӕ директор Кӕсойты Лаврентӕн та президент радта майдан "В ознаменование 25-летия РЮО". Уымӕй дарддӕр ма Тыбылты Леонид ныфс бавӕрдта президентон фондӕй рахицӕн кӕнын фӕрӕзтӕ ӕмӕ лицейӕн музыкалон инструменттӕ балхӕнын.