Путин бацахста фыццаг бынат хъомысджын политикты рейтингы

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæПрезидент РФ Владимир Путин на заседании Международного дискуссионного клуба Валдай
Президент РФ Владимир Путин на заседании Международного дискуссионного клуба Валдай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рейтингы дыккаг бынаты ис АИШы президент Дональд Трамп, æртыккагыл та – Германы канцлер Ангела Меркель, кæцы ивгъуыд аз уыд номхыгъды дыккаг бынатыл.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин цыппæрæм аз фæд-фæдыл бацахста фыццаг бынат хъомысджын адæймæгты номхыгъды америкайаг журналы версимæ гæсгæ, хъусын кæны РИА Новости.

"Дунейы иууыл хъомысджындӕр лæг цыппарæм аз фæд фæдыл у Уæрæсейы президент Владимир Путин — йе ‘ндæвдад зыны зæххы къорийы алкæцы къуымы дӕр", — дзырдæуы журналы.

Рейтингы дыккаг бынаты ис АИШы президент Дональд Трамп, æртыккагыл та — Германы канцлер Ангела Меркель, кæцы ивгъуыд аз уыд номхыгъды дыккаг бынатыл.

Рейтингы ма сты Microsoft бындурæвæрæг Билл Гейтс (7 бынат), Индийы премьер-министр Нарендра Моди (9), Facebookы бындурæвæрæг Марк Цукерберг (10), террористон къорд "Аль-Каида" (тобæгонд Уæрæсейы) хистæр Айман аз-Завахири (71).

АИШы ныры президент Барак Обама, кæцы 2015 азы уыд æртыккаг рейтингы, ацы аз ис æрмæстдæр 48-й позицийыл. Путин ацы аз уыд иунæг адæймаг Уæрæсейæ, кæцы бахауд рейтингмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0