Дзæуджыхъæуы аэропорт сæхгæдтой митуарды фæстиуæгæн

© Sputnik / Игорь Руссак /  Ахизын медиабанкмæОбновленный терминал "Пулково-1" в Санкт-Петербурге
Обновленный терминал Пулково-1 в Санкт-Петербурге - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æвзæр боныгъæды аххосæй æртыццæджы ныффæстиат сты дыууæ рейсы. Аэропорты минæвары ныхæстæм гæсгæ, куыддæр метеоуавæртæ фадат радтой, афтæ атахтытӕ сног уыдзысты штатон режимы.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Стыр митуард æмæ тæхæн фæзуаты кæлæхы аххосагæн Дзæуджыхъæуы аэропорт сæхгæдтой æртыццæджы сихорæй фæстæмæ, хъусын кæнынц Цæгат Ирыстоны дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ.

"Ӕртыццæджы фæссихортæй фӕстӕмӕ боныгъæд фадат нæ дæтты хæдтæхджытæ исын æмæ ӕрвитынæн. Беслæны аэропорт райста æрмæстдæр компани "Глобус"-ы иу рейс, иу хæдтæхæг та æрбадт Минводты. Куыддæр метеоуавæртæ фадат радтой, афтæ тæхæн фæзуат расыгъдæг кæндзыстæм æмæ аэропорт штатон режимы скусдзæн", — загъта аэропорты минæвар.

Ӕртыццæджы ныффæстиат ис дыууæ Дзæуджыхъæу-Мæскуы рейсы. Цыппæрæмы та планы уыд цыппар рейсы æддæмæ æмæ мидæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0