ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik. Уæрæсейаг компани "Газпром" фондз азмæ æрдзон газæй сифтонг кæндзæн æппæт Хуссар Ирыстоны, радзырдта йӕ эксклюзивон интервьюйы информацион агентад æмæ радио Sputnik-ӕн президент Тыбылты Леонид.
Ӕрдзон газ Хуссар Ирыстонмæ цæуы Уæрæсейæ 2007-2009 ӕзты арæзт газы хæтæл "Дзуарыхъӕу-Цхинвалы" уылты. Ныридæгæн газæй ифтонг сты Цхинвал æмæ горæтгæрон хъæутӕй иуы цæрджытæ.
"Газифтонгады генералон схемæмæ гæсгæ, фондз азмæ æрдзон газ хæццæ кæндзæн 188 цæрæн пунктмæ. Уæрæсейы "Газпром" нӕ бадзырдты фæлгæтты фæнд кæны Хуссар Ирыстоны æппæт цæрæн пункттæ дæр сифтонг кӕнын æрдзон газæй", — загъта президент.
Уый ма бафтыдта йæ ныхæстæм, проекты аргъ кӕй лæууы 2,5 — 3 миллиард сомы, æппæт хæрдзтæ дæр йæхимæ исы Уæрæсейы фарс, сæрмагондæй та "Газпром".
2015 азы июны Тыблыты Леонид сфидар кодта республикæйы газифтонгады генералон схемæ æмæ ацы аз марты та ацы фарстыл æруынаффӕ кодта "Газпромы" сӕргълæууæг Алексей Миллеримæ.