Президент: Хуссар Иры æндидзынад балхынцъ уыдзӕн 2017 азы

© Sputnik / Ада БагианТибилов распорядился увеличить количество рабочих на строительстве театра
Тибилов распорядился увеличить количество рабочих на строительстве театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æндидзынгæнӕн куыстыты фæуд суыдзæн Хуссар Ирыстоны дарддæры размæцыдмæ ахизынæн бындур, загъта Тыбылты Леонид.

ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik. 2008 азы Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фӕдыл куыстытæ фæуыдзысты 2017 азы кæрон, уый фæстæ республикæ йæ хъусдард аздахдзæн экономикон райрæзтмæ. Уый тыххæй президент Тыбылты Леонид эксклюзивон интервьюйы радзырдта информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон-ӕн.

"2017 азы кæронмæ мах хъуамæ балхынцъ кæнæм æндидзынгæнӕн куыстытæ. Уый уыдзæн дарддæры размæцыды бындур", — банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Президент фехъусын кодта, æндидзын кæныны процесты æмрæстæджы куыст кӕй цыд "экономикæйы райрӕзтыл дæр, æнæ уымæй размæцыдæн уæвæн нæй".

Строительство фонтана на театральной площади - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид ӕрдомдта театры арӕзтад фӕрӕвдздӕр кӕнын

Стыр нысаниуæг ацы хъуыддаджы ис социалон-экономикон райрæзты инвестицион нывæзтæн, кæцы фидар æрцыд æртæ азмæ.

"2017 аз у кæройнаг æртæазон Инвестицион нывæзты. Ацы нывæзт, кæцыйыл хицæн æрцыд 9 миллиард сомы, æтыстджынӕй æххæст æрцæудзæн", — бахахх кодта президент.

Инвестицион нывæзты иууыл гуырахстджындæр проект у Хуссар Ирыстоны Паддазахдон драмон театр, кæцыйы арæзтадæн Уæрæсейы бюджетæй хицæн æрцыд 1,3 миллиард сомы.

"Театры æввахс рæстæджы фæуыдзысты æппæт куыстытæ дæр, ныфс нæ ис, цæттæ объект кæй райсдзыстæм æрбалæугæ азы марты", — загъта Тыбылты Леонид.

Ног хабӕртты лентӕ
0