Цхинвалы цæрджытæ рахатыдысты зæххæнкъуыст

© Sputnik / Алексей КовалевСнег
Снег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УУМ æмбæлон барæн гарзæгтæ кæй нæй, уымæ гæсгæ зæххæнкъуысты тыхх бæрæг нæу.

ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik. Цхинвалы цæрджытæ майрæмбоны рахатыдысты зæххы бын риуыгъдтæ. Зæххæнкъуыст уыд цалдæр уысм 12:29 сахатыл.

УУМ пресс-службæйы Sputnik загътой, зæхх кӕй банкъуысыд æрмæстдæр Цхинвалы, республикӕйы районты, уыдон хсæн бæрзонд хæххон хъæуты дæр нæ рахатыдысты зæххæнкъуыст.

"Зæхх базмæлыд дыууæ хатты. Бæлвырддæр бæрӕггæнӕнтæ нæм нæй, уымæн æмæ УУМ æмбæлон барæн гарзæгтæ нæй", — банысан кодтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0