ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik. 2016 азы инфляци Уӕрӕсейы суыдзӕн иууыл къаддӕр фӕстаг 25 азы мидӕг, загъта президент Владимир Путин ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ хъусын кӕны РИА Новости.
"Кӕцыдӕр фӕдыздӕхтты, куыд макроэкономикӕйы, махӕн ис бӕрӕг фезмӕлдтӕ хуыздӕрырдӕм. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, мазмӕ уыдзӕн иууыл къаддӕр инфляци фӕстаг дыууын фондз азы мидӕг. Куыд хъуыды кӕнӕм, афтӕмӕй 2011 азы уый уыд 6,1%, ацы аз та уыдзӕн 6%-ӕй къаддӕр. Ныфсджынӕй зӕгъӕн ис ӕмӕ уый кӕй уыдзӕн 5,8%", — загъта Путин къуырисӕры, бӕстӕйы хицауады уӕнгтимӕ фембӕлды рӕстӕджы.