Дзӕуджыхъӕуы ахуырадон уагдӕттӕ иууылдӕр ӕрцыдысты ӕхгӕд карантиныл

© Sputnik / Денис Гуков /  Ахизын медиабанкмæЭпидемия гриппа
Эпидемия гриппа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Карантин бакодтой 5 боны ӕмгъуыдмӕ, карз респираторон-вирусон низтӕй (КРВН) фӕрынчыны процент кӕцыдӕр скъолаты хӕццӕ кӕны 50 процентмӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik, Болататы Алинӕ. Дзӕуджыхъӕуы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ сты ӕхгӕд карантиныл, ахӕм скъуыддзаг райст ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны столицӕйы алы ахуырадон ӕмӕ скъолаагъоммӕ уагдоны фӕдыл дӕр, фехъусын кодта Sputnik Дзӕуджыхъӕуы Бынӕттон хиуынафӕйады администрацийы ахуырады управленийы сӕйраг специалист Светлана Колосова.

Скъола Цӕгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны скъолаты расидтысты карантин

Карантин баконд ӕрцыд грипп ӕмӕ КРВН-ӕй фӕрынчынуӕвӕг сывӕллӕтты бӕрзонд проценты аххосагӕй.

"Дзӕуджыхъӕуы уагдӕтты карантин адарддӕр уыдзӕн 20 декабрӕй 24 декабры онг. Ныртӕккӕ скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ иууылдӕр, афтӕ ма уӕлӕмхас ахуырады муниципалон уагдӕттӕ сты ӕхгӕд ", — загъта Колосова.

Администрацийы зонӕнтӕм гӕсгӕ, рынчынты проценты бӕрц у 23%, кӕцыдӕр скъолаты та хӕццӕ кӕны 50 процентмӕ. Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнӕм, 16 декабрӕй фӕстӕмӕ карантиныл ӕхгӕд кӕй ӕрцыдысты цӕгатирыстойнаг столицӕйы аст скъола ӕмӕ ӕхсӕз сабидоны.

 

 

Ног хабӕртты лентӕ
0