УФ минæвар Анкарайы Андрей Карлов амард райсгæ цæфты фæстиуæгæн

© Посольство России в Турции /  Ахизын медиабанкмæУбийство российского посла в Турции Андрея Карлова
Убийство российского посла в Турции Андрея Карлова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ ФХМ бæлвырд кæны уӕрӕсейаг минæвар Андрей Карловы амарыны цау.

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. УФ минæвар Анкарайы Андрей Карлов йæ цардæй ахицæн амарыны фæлвæрды рæстæджы райсгæ цæфты фæстиуæгæн, хъусын кæны РИА Новости.

Турк ӕмӕ Ирыстоны цӕрӕг ирон адӕм ӕнгомдæр кæнынц сӕ бастдзинæдтæ

Амæй размæ УФ ФХМ-ы официалон минæвар Мария Захарова сбæлвырд кодта хотыхджын амарыны фæлвæрд Туркы Уæрæсейы минæвар Андрей Карловы ныхмæ.

"Абон мадзалы рæстæджы æбæрæг адæймаг райдыдта æхсын. Цæй фæстиуæгæн зынгæхсгæ цæфтæ райста Уæрæсейы минæвар Турчы Андрей Карлов. Уæрæсейы фарс æмгуыст кæны туркаг хицауадимæ æмæ тагъдыл информаци дæтдзыстæм", — загъта Уæрæсейы ФХМ минæвар.

Фæстæдæр ФХМ фехъусын кодта минæвары мæлæты тыххæй.

Туркаг ДИФ хъусын кæнынц, фыдгæнæг кæй ‘рцыд мард

Биографион справкӕ

Андрей Карлов Турчы дипмиссийы сæргъ слæууыд 2013 азы. Райгуырд Мæскуйы 1954азы. 1976 азы каст фæцис Ӕхсæнадæмон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институт, 1992 азы та — Дипломатон академи.

Дипломатон службæйы кусы 1976 азæй. Ӕндæр æмæ æндæр бынæтты куыста Советон цæдисы фæсарæйнаг хъуыддæгты хаххыл. Хицæн æзты куыста уæрæсейы минæварадты Корея æмæ Китайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0