ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik. Теракты тыххӕй нозтджын "фӕлывды" тыххӕй Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕгӕн стӕрхон кодтой 200 сахаты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг куыстытӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны ӔФС-йы управленийы пресс-службӕ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй августы Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг фӕдзырдта Цӕгат Ирыстоны экстренон службӕтӕм ӕмӕ фехъусын кодта, Ярославлы кӕй ӕрцӕудзӕн арӕзт теракттӕ. Сӕрмагонд мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы пъӕлицӕйы ӕмӕ ӔФСУ-йы кусджытӕн бантыст сбӕлвырд кӕнын "телефонон террористы". Уый разынд раздӕр ахӕстоны чи бадт, Дзӕуджыхъӕуы ахӕм 46-аздзыд цӕрӕг.
"Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй, анонимон телефонон хъусынгӕнинаг аразгӕйӕ нӕлгоймаг уыд тынг нозтджын", — банысан кодтой управленийы.
Дзӕуджыхъӕуы Промышленон районы тӕрхондон аскъуыддзаг кодта телефонон террористӕн ӕфхӕрд, 200 сахаты ӕнӕмӕнг куыстыты хуызы.
Уагдоны ма банысан кодтой, цӕгатирыстойнаг мӕнг террористтӕн ацы хъусынгӕнинаг, кӕй нӕу фыццаг фӕстаг ӕзты мидӕг.
"Ӕцӕг, хъӕуы банысан кӕнын, ахӕм фыдвæндгæнджыты ӕвиппайды кӕй раргом кӕнынц ӕмӕ баййафынц ӕмбӕлон ӕфхӕрд. Уымӕй дарддӕр ма, амӕй фӕстӕмӕ ахӕм телефонон террористты нӕмттӕ мыхуыр цӕудзысты дзыллон инфомацийы фӕрӕзты, цӕмӕй республикӕ зона "хъайтарты" кӕд хуызӕй нӕ, уӕддӕр сӕ нӕмттӕй", — банысан кодтой управленийы.